Зонадон дуне фӕмӕгуырдӕр: зындгонд ахуыргонд Гаглойты Юрийы мысгӕйӕ

Зонадон дуне фӕмӕгуырдӕр: зындгонд ахуыргонд Гаглойты Юрийы мысгӕйӕ
Рафыссын
Дыууынӕм ӕнус Ирыстоны историйы уыд нысаниуӕгджын бирӕ ирд ӕмӕ курдиатджын адӕмы фӕзындӕй. Ӕхӕм удгоймӕгтӕн сӕ иуы ацыд дӕр не ‘хсӕнӕй вӕййы уӕлдай зын. Гаглойты Юрий Сергеейы фырт уыд ахӕм курдиатджын адӕймӕгтӕй сӕ иу. Уый уыд зындгонд ахуыргонд ӕрмӕст Ирыстоны нӕ, фӕлӕ Уӕрӕсейы ӕмӕ фӕсарӕйнаг зонадон ӕхсӕнады дӕр. Гаглойты Юрий уыд аланты историйы иртасӕг, йӕ зонадон куыстытӕ нымад уыдысты ӕппӕт дунейы.
Гуырдзиаг ахуыргӕндтимӕ полемикӕйы Юрийы ныхасӕн ницы уыд сӕ бон ныхмӕ ӕрӕвӕрын, уымӕн ӕмӕ иттӕг хорз зыдта канд аланты истори нӕ, фӕлӕ ма гуырдзиаг истори дӕр.
Гаглойты Юрий стыр ахуыргонд уыд, йӕ зонадон куыстытӕ фӕхъӕздыгдӕр кодтой ӕппӕт дунейы историйы хӕзнадон. Сомбон бирӕ ӕвзонг ахуыргӕндтӕ ӕрдардзысты сӕ хъус уыцы иртӕстытӕм.
Ног хабӕртты лентӕ
0