https://sputnik-ossetia.com/20220316/khussar-iry-khatyron-kreditta-raysynma-sa-proektta-bavdystoy-111-amaliuagganadzhy-15917851.html
Хуссар Иры хатырон кредиттӕ райсынмӕ сӕ проекттӕ бавдыстой 111 амалиуӕггӕнӕджы
Хуссар Иры хатырон кредиттӕ райсынмӕ сӕ проекттӕ бавдыстой 111 амалиуӕггӕнӕджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хатырон кредит райсынмӕ азы райдианӕй бавдыстӕуыд 111 проекты, фехъусын кодта Sputnik чысыл ӕмӕ... 16.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-16T13:20+0300
2022-03-16T13:20+0300
2022-03-16T13:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1015/52/10155245_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_1fb15296314a0e9162d12abf9d5d94ed.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хатырон кредит райсынмӕ азы райдианӕй бавдыстӕуыд 111 проекты, фехъусын кодта Sputnik чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгадты райрӕзтӕн ахъазы фонды ӕххӕстгӕнӕг директор Бибылты Нонна.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фонды минӕвӕрттӕ дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ куырдиӕтты фӕдыл хъуамӕ рахӕссой скъуыддзаг.Хатырон кредиттӕ 2022 азы лӕвӕрд цӕудзысты дыууӕ этапӕй. Ӕмткӕй сын хицӕн ӕрцӕудзӕн 55 милуан сомы - фыццаг этапы 30 милуаны, дыккаджы та 25.Фонды ӕххӕстгӕнӕг директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивгъуыд азтӕм абаргӕйӕ организацийы куысты ӕрцыд къорд ивындзинӕдтӕ."Фӕфылдӕр ис ӕвджиддаримӕ кредиты бӕрц - 600 мин сомӕй схызт 800-мӕ, 2022 азӕй фӕстӕмӕ кредит райсӕн ис фондз азы ӕмгъуыдмӕ. Уый уӕлдай ма цъынды исадимӕ лӕвӕрд цӕуы фондз милуаны онг суммӕ дӕр", - бафтыдта уый.Раздӕрау, бафиппайдта Бибылты Нонна, фылдӕр бӕрцӕй кредиттӕ исынц хъӕууон хӕдзарады фадыджы бизнес бакӕнынӕн.Хуссар Ирыстоны 2018 азӕй фӕстӕмӕ Чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгдары райрӕзтӕн хатырон кредиттӕ дӕттыны закон ӕххӕстгӕнгӕйӕ лӕвӕрд ӕрцыд 124,5 милуан сомы, уыдон байуӕрстой чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгдары 219 субъектыл.
https://sputnik-ossetia.com/20210316/Khussar-Iry-rasidtysty-konkurs-khatyron-kredit-raysyny-fdyl-11951963.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1015/52/10155245_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_97117b28ab1cac6d2dab809a99645e74.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
Хуссар Иры хатырон кредиттӕ райсынмӕ сӕ проекттӕ бавдыстой 111 амалиуӕггӕнӕджы
ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны хатырон кредит райсынмӕ азы райдианӕй бавдыстӕуыд 111 проекты, фехъусын кодта Sputnik чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгадты райрӕзтӕн ахъазы фонды ӕххӕстгӕнӕг директор Бибылты Нонна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фонды минӕвӕрттӕ дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ куырдиӕтты фӕдыл хъуамӕ рахӕссой скъуыддзаг.
"Ацы аз фонды ӕркастмӕ бадӕттой 111 куырдиаты, ӕмткӕй амалиуӕггӕнджытӕ сӕ проекттӕн курынц 140 милуан сомӕй фылдӕр", - загъта Бибылты Нонна.
Хатырон кредиттӕ 2022 азы лӕвӕрд цӕудзысты дыууӕ этапӕй. Ӕмткӕй сын хицӕн ӕрцӕудзӕн 55 милуан сомы - фыццаг этапы 30 милуаны, дыккаджы та 25.
Фонды ӕххӕстгӕнӕг директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивгъуыд азтӕм абаргӕйӕ организацийы куысты ӕрцыд къорд ивындзинӕдтӕ.
"Фӕфылдӕр ис ӕвджиддаримӕ кредиты бӕрц - 600 мин сомӕй схызт 800-мӕ, 2022 азӕй фӕстӕмӕ кредит райсӕн ис фондз азы ӕмгъуыдмӕ. Уый уӕлдай ма цъынды исадимӕ лӕвӕрд цӕуы фондз милуаны онг суммӕ дӕр", - бафтыдта уый.
Раздӕрау, бафиппайдта Бибылты Нонна, фылдӕр бӕрцӕй кредиттӕ исынц хъӕууон хӕдзарады фадыджы бизнес бакӕнынӕн.
"Проектты 70-75 проценты сты хъӕууонхӕдзарадон фадыгӕй - кӕсаг дарыны, мыды куыст, ставдкъах фосы фермӕ, хъӕрмадтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ис ма дзы рауагъдад сцайдагъ кӕныны фӕндтӕ дӕр. Сӕ нымӕцы мебелы цех, чысыл дзулфыцӕн, хъӕдӕрмӕгимӕ куыст, салфеткӕты цехы райрӕзт ӕмӕ афтӕ дарддӕр", - банысан кодта Бибылты Нонна.
Хуссар Ирыстоны 2018 азӕй фӕстӕмӕ Чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгдары райрӕзтӕн хатырон кредиттӕ дӕттыны закон ӕххӕстгӕнгӕйӕ лӕвӕрд ӕрцыд 124,5 милуан сомы, уыдон байуӕрстой чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгдары 219 субъектыл.