Хуссарирыстойнаг бархион Донбассы: сабыр цæрджытæй хъусæм æрмæстдæр бузныджы ныхæстæ

Хæдæфсæддон Донбассы: сабыр æмбæстæгтæй хъусæм æрмæстдæр бузныджы ныхæстæ
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг æмбæстагон Бесаты Аслан Волновахамæ ныццыд бархионæй æмæ цы федта йæхи цæстæй, уый тыххæй радзырдта радио Sputnik эфиры.
"Украинаг националисттæ хæдзæртты ᾿хсæн сæвæрдтой сæ техникæ æмæ уырдыгæй æхсынц. Махæн сæ нæ бон нæу фехсын. Афтæ ма гæнæн цæмæн нæй, ахæм хæцæнгæрзтæй пайда кæнынц", - радзырдта хæдæфсæддон.
Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, горæты кæд æртын хæдзар ис, уæд дзы дыууын сты пырх. Кæцæйдæриддæр хизынц фæстæмæ, сæ фæстæ пырх кæнынц, æхсынц сабыр адæмы.
"Мæхæдæг ныццыдтæн Волновахамæ, кæрæй-кæронмæ йыл ацыдыстæм. Сабыр цæрджытæй хъусæм æрмæстдæр бузныджы ныхæстæ", - бахахх кодта Бесаты Аслан.
Сæйраг проблемæ у, хæдæфсæддоны хъуыдымæ гæсгæ, адæмы æддæмæ кæй нæ уадзынц, уый, æмæ уымæ гæсгæ бахъæудзæн рæстæг, цæмæй Донбасс ссæрибар уа.
Бæстондæрæй цæстæйфенæг хæдæфсæдтоны радзырдмæ Донбассы уавæры тыххæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.
Ног хабӕртты лентӕ
0