Централон ӕвзарӕн къамис срегистраци кодта фондз кандидаты Хуссар Иры президенты бынатмӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевЦентралон ӕвзарӕн къамис
Централон ӕвзарӕн къамис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik, Козаты Диана. Централон ӕвзарӕн къамис фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президентмӕ кандидатты нӕмттӕ, кӕцытӕ рацыдысты регистраци.
Ӕвзарӕн законадмӕ гӕсгӕ, дыццӕджы фӕуд кодта кандидатты регистрацийы фӕдыл скъуыддзаг рахӕссыны ӕмгъуыд. Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) рабадт райдыдта ӕмбисӕхсӕвмӕ ӕввахс. Йӕ хатдзӕгтӕ бӕрӕг уыдысты ӕхсӕвы дыууӕ сахаты рдӕгмӕ.
ЦӔК аскъуыддзаг кодта срегистраци кӕнын Хуссар Ирыстоны презденты бынатмӕ паддзахады ныры сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолийы, парламенты раздӕры депутат Тасойты Дмитрийы, парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Аланы, афтӕ ма ныры парламенты дыууӕ депутат Мулдарты Гарри ӕмӕ Плиты Александры.
Регистраци нӕ рацыдысты хъахъхъӕнынады министрады раздӕры сӕргълӕууӕг Гассеты Ибрагим, хъахъхъӕнынады министрады раздӕры кусӕг Пухаты Владимир, нывгӕнӕг Къацты Гено, политикон парти "Адӕмы иудзинад"-ы лидер Чилӕхсаты Владимир, барадхъахъхъӕнӕг органты раздӕры кусӕг Хъазиты Зелим, "Мегафон-Хуссар Ирыстоны" раздӕры гендиректор Къутӕрты Аслан, ХИПУ ахуыргӕнӕг Тадтаты Таймураз, амалиуӕггӕнӕг Уалыты Альберт, амалиуӕггӕнӕг Зӕгъойты Рустам, дохтыр Козонты Алан, парламенты фыццаг ӕрсидты депутат Плиты Алымбег.
Абоны бонӕй республикӕйы райдыдта агитацион период.
Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 10 апрелы.
Ног хабӕртты лентӕ
0