https://sputnik-ossetia.com/20220316/tskhinvaly-bafystoy-dokument-katsyyy-nysan-u-khussar-iry-khakhkhon-artkakhan-kabazy-rayrazt--15918805.html
Цхинвалы бафыстой документ, кӕцыйы нысан у Хуссар Иры хӕххон ӕрзӕткъахӕн къабазы райрӕзт
Цхинвалы бафыстой документ, кӕцыйы нысан у Хуссар Иры хӕххон ӕрзӕткъахӕн къабазы райрӕзт
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы бафыстой ӕмархайды фӕдыл меморандум республикӕйы Экономикон райрӕзты министрад... 16.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-16T14:04+0300
2022-03-16T14:04+0300
2022-03-16T14:06+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/10/15916766_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_dd9124dd2ebfd41b7fced6df3903b1d1.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы бафыстой ӕмархайды фӕдыл меморандум республикӕйы Экономикон райрӕзты министрад ӕмӕ Сауденджызон экономикон ӕмгуыстады фӕдыл уырыссаг националон комитеты хсӕн. Документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой Хуссар Иры экономикон райрӕзты министр Тадататы Дзамболат ӕмӕ уӕрӕсейаг делегацийы къухдариуӕггӕнӕг Виктор Архипов.Фембӕлды рӕстӕджы Тадтаты Дзамболат бузныджы ныхӕстӕ загъта уазджытӕн республикӕмӕ сӕ хъусдарды тыххӕй. Виктор Архипов нывс бавӕрдта, комитет цӕттӕ кӕй у Хуссарирыстонимӕ ӕппӕтварсон ӕмгуыстадмӕ."Нӕ проекттӕ абон куы срӕвдз кӕнӕм, уӕд цы сфӕнд кодтам, уыдон бӕрӕг ӕмгъуыдмӕ сараздзыстӕм - сӕндиддзӕн Къуаисайы ӕрзӕткъахӕн. Фӕлӕ ма нӕм ис хъӕууонхӕдзарадон ӕмӕ социалон фадыгмӕ хауӕг ӕнхъарӕнтӕ дӕр", - банысан кодта уый.Мадзалы рӕстӕджы ма уӕрӕсейаг делегацийы минӕвӕрттӕ фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, ӕрзӕткъахӕн сӕндидзын кӕныны фӕлгӕтты ма кӕй сахуыр кӕндзысты йӕ алыварс территорийы ресурстӕ дӕр. Бафыстгонд документы фӕлгӕтты Хуссар Ирыстоны модернизаци ӕмӕ рацарӕзт ӕрцӕудзӕн хӕххон комбинат Къуаисайы ӕрзӕткъахӕны бындурыл ӕмӕ йӕ продукцийы рацарӕзты фабрикӕ.Афтӕ ма документы хынцыд ӕрцыд уазӕгдонон комплекс, культурон-хиирхӕфсӕн ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхӕуӕг уагдӕтты арӕзтад.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/10/15916766_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_5e19fed7d723afecb6860ffa88c85f9a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, экономикӕ
ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы бафыстой ӕмархайды фӕдыл меморандум республикӕйы Экономикон райрӕзты министрад ӕмӕ Сауденджызон экономикон ӕмгуыстады фӕдыл уырыссаг националон комитеты хсӕн.
Документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой Хуссар Иры экономикон райрӕзты министр Тадататы Дзамболат ӕмӕ уӕрӕсейаг делегацийы къухдариуӕггӕнӕг Виктор Архипов.
Фембӕлды рӕстӕджы Тадтаты Дзамболат бузныджы ныхӕстӕ загъта уазджытӕн республикӕмӕ сӕ хъусдарды тыххӕй.
"Хуссар Ир у ӕвзонг бӕстӕ, кӕцыйы сӕйраг нысан у ӕппӕтварсон райрӕзт. Бӕстӕйы разамынад сӕвӕрдта хӕс - экономикӕйы алыгъуызон къабӕзты райрӕзты фӕрцы рахизын хиифтонгадмӕ. Уый тыххӕй махмӕ ис ӕппӕт фадӕттӕ дӕр", - загъта уый.
Виктор Архипов нывс бавӕрдта, комитет цӕттӕ кӕй у Хуссарирыстонимӕ ӕппӕтварсон ӕмгуыстадмӕ.
"Нӕ проекттӕ абон куы срӕвдз кӕнӕм, уӕд цы сфӕнд кодтам, уыдон бӕрӕг ӕмгъуыдмӕ сараздзыстӕм - сӕндиддзӕн Къуаисайы ӕрзӕткъахӕн. Фӕлӕ ма нӕм ис хъӕууонхӕдзарадон ӕмӕ социалон фадыгмӕ хауӕг ӕнхъарӕнтӕ дӕр", - банысан кодта уый.
Мадзалы рӕстӕджы ма уӕрӕсейаг делегацийы минӕвӕрттӕ фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, ӕрзӕткъахӕн сӕндидзын кӕныны фӕлгӕтты ма кӕй сахуыр кӕндзысты йӕ алыварс территорийы ресурстӕ дӕр.
Бафыстгонд документы фӕлгӕтты Хуссар Ирыстоны модернизаци ӕмӕ рацарӕзт ӕрцӕудзӕн хӕххон комбинат Къуаисайы ӕрзӕткъахӕны бындурыл ӕмӕ йӕ продукцийы рацарӕзты фабрикӕ.
Афтӕ ма документы хынцыд ӕрцыд уазӕгдонон комплекс, культурон-хиирхӕфсӕн ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхӕуӕг уагдӕтты арӕзтад.