Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирус Хуссар Иры
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ срегистраци кодтой 10 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik санитарон уагдоны.
"Дыццӕджы республикӕйы лабораториты сарӕзтой 79 тесты. Уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 10 адӕймагӕн", - загътой уагдоны.
Медицинон хыгъдӕй, бафтыдтой Югосетпотребнадзоры, иу суткӕмӕ систой аст пациенты, дохтырты хъусдарды бын ма сты 40 рынчыны.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 67 789 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 14 минӕй фылдӕр адӕймаджы.
COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц Хуссар Ирыстоны абоны онг у 14 043.
Ног хабӕртты лентӕ
0