"Ацы хъӕдгом никуы байгас уыдзӕн". Хуссар Иры ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ
© Sputnik / Natalia Airiyan Ереды трагеди
© Sputnik / Natalia Airiyan
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны ацыд фыдохы митинг Ереды трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн. Сӕдӕгай адӕм ӕрӕмбырд сты Цхинвалы уӕлмӕрды, цы ран ӕфсымӕрон ингӕны сты 12 ирон лӕппуйы, кӕцыты ӕртын иу азы размӕ фыдмиты фӕстӕ удӕгасӕй баныгӕдтой гуырдзиаг фыдгӕнджытӕ.
© Sputnik / Natalia Airiyan Ереды трагеди
Ереды трагеди
© Sputnik / Natalia Airiyan
Митинг райдыдта амӕттӕгты ингӕнмӕ дидинтӕ сӕвӕрынӕй.
"Абоны бон у уыцы трагикон азты фӕстӕзӕлд, кӕцытӕ ӕнустӕм баззадысты нӕ зӕрдӕты. Ӕрвылаз ацы бон ам ӕрӕмбырд вӕййынц бирӕ адӕм, кӕцытӕ ногӕй банкъарынц ӕвирхъау трагеди", - загъта Национ музейы директор Зассеты Мераб.
Мысӕн мадзалы хайад райста паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий, премьер-министр Бекъойты Геннадий, парламенты спикер Тадтаты Алан, тыхон структурӕтӕ, министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты минӕвӕрттӕ.
"Мах ӕрвылаз цӕуӕм ардӕм, цӕмӕй нӕ сӕр ӕркъул кӕнӕм ацы ӕвирхъау трагедийы амӕттӕгты раз ӕмӕ тӕфӕрфӕс ракӕнӕм фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕн. Бирӕ азтӕ рацыд, фӕлӕ Ереды, Зары ӕмӕ Цъинагары трагедиты хъӕдгӕмттӕ нырма нӕ байгас сты", - загъта Бибылты Анатолий.
Президент банысан кодта, гуырдзиаг къухдариуӕгад ӕмӕ ӕхсӕнад нырма дӕр кӕй нӕ фӕсмон кӕнынц ацы ӕвирхъау фыдракӕндтыл. Паддзахады сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, абоны бон фашизмимӕ тох цӕуы Украинайы дӕр.
© Sputnik / Natalia Airiyan Ереды трагеди
Ереды трагеди
© Sputnik / Natalia Airiyan
Политикон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Кокойты Тарзаны ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы бонӕй рацыд 31 азы, фӕлӕ йӕм афтӕ кӕсы, ома трагеди ӕрцыд знон.
"Мах ардӕм ссӕуӕм, цӕмӕй ацы хъайтарты рухс ном ссарӕм. Нӕ хъӕдгӕмттӕ сног вӕййынц, фӕриссӕм, цӕстыг фӕкалӕм. Дыууӕ мӕй нӕма рацӕуы, афтӕмӕй та ӕртымбыл вӕййӕм Зары къуылдымыл, ӕмӕ та уым дӕр афтӕ фӕриссӕм. Уый фӕстӕ Тъыбеты къуылдымыл, Присы, Цъинагары, Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы фӕриссӕм ӕмӕ фӕкӕуӕм. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цыдӕриддӕр уӕззаудӕр ӕмӕ ӕвирхъаудӕр уыд адӕймагады царды трагедийы хуызы, уыдон иууылдӕр бавзӕрстам" – загъта Кокойты Тарзан.
1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ ӕзты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.
© Sputnik / Natalia Airiyan Ереды трагеди
Ереды трагеди
© Sputnik / Natalia Airiyan