https://sputnik-ossetia.com/20220318/dudayty-donna-tskhinvalay-ssis-duneyy-chempionaty-prizer-appatstilon-karateya-15955447.html
Дудайты Донна Цхинвалӕй ссис дунейы чемпионаты призер ӕппӕтстилон каратэйӕ
Дудайты Донна Цхинвалӕй ссис дунейы чемпионаты призер ӕппӕтстилон каратэйӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссарирыстойнаг спортсменкӕ Дудайты Донна рамбылдта бронзӕйон майдан дунейы чемпионаты ӕппӕтстилон каратэйӕ. Хуссар... 18.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-18T17:24+0300
2022-03-18T17:24+0300
2022-03-18T17:24+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/12/15951507_0:0:2243:1262_1920x0_80_0_0_63b907b0e0354f7a2fc72386e3f4b522.jpg
ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссарирыстойнаг спортсменкӕ Дудайты Донна рамбылдта бронзӕйон майдан дунейы чемпионаты ӕппӕтстилон каратэйӕ. Хуссар Ирыстоны командӕйы тренер Созаты Владимир куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ерыстӕ цыдысты Суздалы 8-14 марты.Дунейы фыццагад ӕмӕ чемпионат ӕппӕтстилон каратэйӕ ацыд спорты галуан "Суздаль Арена"-йы. Хайад дзы райстой командӕтӕ Уӕрӕсейы 50 регионӕй, афтӕ ма 15 фӕсарӕйнаг паддзахады командӕйы, сӕ нымӕцы ДАР, Беларусь, Кени, Алжир, Камерун, Казахстан, Узбекистан, Таджикистан, Хуссар Ирыстон, Абхаз, Молдова, Турк, Ангола, Куба, Азербайджан. Чемпионаты хайадисджытӕ ӕдӕппӕт уыдысты ӕртӕ мин спортсмены.Хуссар Ирыстонӕй чызджыты хсӕн хайад райстой Дудайты Донна, Гаглойты Диана ӕмӕ Тадтаты Софья. Бацӕттӕ сӕ кодта киокусинкай каратэйы тренер Созаты Владимир.Нӕлгоймӕгты хсӕн республикӕйы кад хъахъхъӕдтой Арсен Каспаров ӕмӕ Козаты Роберт. Уыдон тренировкӕ кодтой ӕмбуар хӕсты тренер Хъуылымбегты Мамеды къухдариуӕгады бын.Созаты Владимир куыд радзырдта, афтӕмӕй фыццагады фыццаг бон ралӕууыдысты Дудайты Донна ӕмӕ Гаглойты Диана. Уыдон дыууӕ дӕр фӕхӕрд сты финалмӕ ахизыны тохы, уымӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ ӕххуыс кодтой сӕ ныхмӕлӕуджытӕн, банысан кодта сӕ тренер.Ерысты дыккаг бон архайдтой Тадтаты Софья, Арсен Каспаров ӕмӕ Козаты Роберт. Созаты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон иууылдӕр фӕхӕрд сты сӕ ныхмӕлӕуджытӕн ӕмӕ рахаудтой ерыстӕй."Ахӕм ралӕудты аххосаг у нӕ спортсментӕн ерысгӕнӕн фӕлтӕрддзинад кӕй нӕ фаг кӕны, уый", - бахахх кодта тренер.Тренеры ныфс ис, боныгъӕд ӕмӕ экономикон уавӕр фадат кӕй ратдзысты уыдонӕн хайад райсын Уӕрӕсейы фыццагады 24-28 марты, кӕцы ацӕудзӕн Мӕскуыйы. Афтӕ ма каратистты нывӕзты ис ӕхсӕнадӕмон ерыстӕ 1-3 майы УФ столицӕйы, цы ран хуссарирыстойнаг командӕ ралӕудзӕн йӕхи националон тырысайы бын.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/12/15951507_25:0:2018:1495_1920x0_80_0_0_4f8f3f80398a5df08fea4803ea7757da.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссарирыстойнаг спортсменкӕ Дудайты Донна рамбылдта бронзӕйон майдан дунейы чемпионаты ӕппӕтстилон каратэйӕ. Хуссар Ирыстоны командӕйы тренер Созаты Владимир куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ерыстӕ цыдысты Суздалы 8-14 марты.
Дунейы фыццагад ӕмӕ чемпионат ӕппӕтстилон каратэйӕ ацыд спорты галуан "Суздаль Арена"-йы. Хайад дзы райстой командӕтӕ Уӕрӕсейы 50 регионӕй, афтӕ ма 15 фӕсарӕйнаг паддзахады командӕйы, сӕ нымӕцы ДАР, Беларусь, Кени, Алжир, Камерун, Казахстан, Узбекистан, Таджикистан, Хуссар Ирыстон, Абхаз, Молдова, Турк, Ангола, Куба, Азербайджан. Чемпионаты хайадисджытӕ ӕдӕппӕт уыдысты ӕртӕ мин спортсмены.
Хуссар Ирыстонӕй чызджыты хсӕн хайад райстой Дудайты Донна, Гаглойты Диана ӕмӕ Тадтаты Софья. Бацӕттӕ сӕ кодта киокусинкай каратэйы тренер Созаты Владимир.
Нӕлгоймӕгты хсӕн республикӕйы кад хъахъхъӕдтой Арсен Каспаров ӕмӕ Козаты Роберт. Уыдон тренировкӕ кодтой ӕмбуар хӕсты тренер Хъуылымбегты Мамеды къухдариуӕгады бын.
Созаты Владимир куыд радзырдта, афтӕмӕй фыццагады фыццаг бон ралӕууыдысты Дудайты Донна ӕмӕ Гаглойты Диана. Уыдон дыууӕ дӕр фӕхӕрд сты финалмӕ ахизыны тохы, уымӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ ӕххуыс кодтой сӕ ныхмӕлӕуджытӕн, банысан кодта сӕ тренер.
"Тӕрхонгӕнджытимӕ хъаугъа кӕнӕн нӕй. Дыууӕ спортсменкӕ дӕр фембылд сты, ӕмӕ сӕ бахъуыд кӕрӕдзи хсӕн ауадзын тох ӕртыккаг бынатыл", - банысан кодта тренер.
Ерысты дыккаг бон архайдтой Тадтаты Софья, Арсен Каспаров ӕмӕ Козаты Роберт. Созаты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон иууылдӕр фӕхӕрд сты сӕ ныхмӕлӕуджытӕн ӕмӕ рахаудтой ерыстӕй.
"Ахӕм ралӕудты аххосаг у нӕ спортсментӕн ерысгӕнӕн фӕлтӕрддзинад кӕй нӕ фаг кӕны, уый", - бахахх кодта тренер.
Тренеры ныфс ис, боныгъӕд ӕмӕ экономикон уавӕр фадат кӕй ратдзысты уыдонӕн хайад райсын Уӕрӕсейы фыццагады 24-28 марты, кӕцы ацӕудзӕн Мӕскуыйы. Афтӕ ма каратистты нывӕзты ис ӕхсӕнадӕмон ерыстӕ 1-3 майы УФ столицӕйы, цы ран хуссарирыстойнаг командӕ ралӕудзӕн йӕхи националон тырысайы бын.