Джыккайты Вахтанг: мах хъуамæ рахизæм националон æфтиагджын проекттæм

Джигкаев: любой кризис – это окно возможностей
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны базарадон-сæудæджерадон палатæйы райстой ног программæ. Уым дзырдæуы, Хуссар Иры экономикæ æрмæст бюджетон æмæ рацарæзты амӕлттӕй кӕй нæ пайда кæндзæн - райстӕуыд ма бынӕттон экономикӕ райтынг кӕныны проект дӕр.
Ноджы ма Уæрæсейы æмæ Хуссар Иры цавæр кризисы ныхмӕ мадзæлттæ уадзынц, уый тыххæй радио Sputnik радзырдта РХИ Базарадон-сæудæджерадон палатæйы вице-президент Джыгкайты Вахтанг.
Уый радзырдта, зæгъгæ, Уæрæсейы хицауад оперативонæй цæттæ кæнынц амалиуæггæнджытæн æххуысы фæдыл мадзæлттæ. Уырдæм хауынц кредитон каникултæ, уæлбарон кредиттæ. Афтæ ма административон уæз фæрогдæр ис - планмæ гæсгæ сгæрстытыл сæвæрдтой мораторий, хъалон фидыны рæстæг ахастой.
Афтæ ма уый бахахх кодта, кæй хъæуы фылдæр аразын æфтиагджын проекттæ, кæцытæн уыдзæн националон здæхт.
"Мах хъуамæ инфраструктурон программæтæй рахизæм райтынг кæныны программæтæм", - бахахх кодта эксперт.
Бæстондæрæй хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны улæныл.
Ног хабӕртты лентӕ
0