"Ӕртӕ азы йӕ агуырдтон": Дыгъуызты Николай йӕ Ереды трагедийы бахауӕг ӕфсымӕры тыххӕй

© Sputnik / Фатима ПлиеваЕреды трагедийы амӕттӕгтӕн нывонд цырт
Ереды трагедийы амӕттӕгтӕн нывонд цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дыгъуызты Николайӕн йӕ мады зӕнӕг бахаудта Ереды бӕллӕхы. 31 азы размӕ ӕрцӕугӕ трагеди нӕлгоймаджы цард фӕдих кодта ӕмӕ йæ ӕнустӕм скодта сыхаг бӕстӕйы знаг.

"Тӕргӕйтты мӕйы 18-æм боны гуырдзиаг сырдтӕ рахизын кодтой адӕмы ӕмӕ сӕ фыдмардӕй амардтой. Сӕ аххосаг уыд, ӕрмӕст ирон кӕй уыдысты, уый. Махӕй алчидӕр хъуамӕ хъуыды кӕна, Гуырдзыйы хицауад нын цы фыдми кодта ӕмӕ кӕны. Хистӕрӕй кӕстӕрмӕ ма хъуамӕ рох кӕной уыцы фыддугтӕ 1920 азæй фӕстӕмӕ", - мысы Николай.

Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты Хуссар Ирыстоны уыд тугкалӕн рӕстӕг, фӕлӕ уыйӕппӕт бӕллӕхты ӕхсӕн уӕддӕр хицӕн кӕны Ереды трагеди. Уӕд цыма знӕгтӕ ӕрмӕст мӕлӕтӕй не 'фсӕстысты, уыйау ма адӕмӕн фыдмитӕ дӕр фӕкодтой. Трагедийы размӕ Николай йе 'фсымӕримӕ ӕрцыд Дзауӕй Сатихъармӕ. Уӕд ӕдас фӕндаг уыд Зарыл. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг ӕфсӕддоны хӕдтулгӕ Дыгъуызты Важа банымадта ӕнӕфыдбылызыл.
Ереды трагедийы амӕттӕгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2022
Ереды трагеди. Дыууӕ хъӕбулы мӕлӕт уайтагъд аскъуыдта ныййарджыты цард дӕр
"Ме 'фсымӕр Важа уыд се 'хсӕн. Уыцы бон ӕфсӕддон хӕдтулгӕйыл сбадт, ӕнхъӕл нӕ уыдысты, кӕй сӕ бауромдзысты", - дзуры Николай.
Йӕ ӕфсымӕры агурынӕй Николай никуы ӕрлӕууыд, цалынмӕ дыууӕ аз ӕмӕ авд мӕйы фӕстӕ рабӕрӕг ӕнамонд адӕмы ингӕн, уӕдмӕ.
"Хӕстӕджытӕ-иу ӕрӕмбырд сты Театралон фӕзуатмӕ. Алыгъуызон дам-думтӕ нӕм хъуыст. Дзырдтой, кӕмдӕр сӕ ӕрзӕткъахӕны кусын кӕнынц. Стӕй хӕрзгӕнӕг фӕцис ӕмӕ нын бацамыдта Ереды бынат. Скодтам трактор", - мысы Николай.
Ереды хъӕуы сӕрмӕ сӕрибар бынаты, цы ран сӕ мӕлӕт ссардтой 12 лӕппу-лӕджы, зиӕнттӕ уыдысты хицӕнтӕй ӕвӕрд.

"Фыццаг дзы ссардтам дыууӕ мӕрдон буары. Сӕ къӕхтӕ уыдысты баст, ӕртаджы канистрӕ сӕ фарсмӕ. Иу ран ныгӕд не 'рцыдысты, фӕлӕ пырхытӕй, кӕм дзы иу уыд, кӕм ӕртӕйӕ. Ӕртӕ бон дзы архайдтам. Футболон фӕзуаты бӕрц тыгъдад басгӕрстам", - бахахх кодта уый.

Амынӕты адӕм канд баст ӕмӕ сыгъд нӕ уыдысты, фӕлӕ ма сӕ уӕлмӕрдмӕ фӕндагыл кодтой тракторы фӕстӕ бастӕй ласгӕ.
"Иууылдӕр уыдысты бастытӕ. Уыдысты ӕхстытӕ дӕр. Уырдыгӕй сӕ ӕрластам моргмӕ, эксперт Мамиты Славикы хъуыды дӕр уыд афтӕ, цӕмӕй сӕ иумӕ ӕфсымӕрон ингӕны бавӕрой, уымӕн ӕмӕ сӕ буары хӕйттӕ ахицӕн кӕнӕн нӕ уыд, уыдысты над ӕмӕ ӕфхӕрд", - бафтыдта Николай.
Амӕттӕгтӕй дыууӕ уыдысты Сатихъарӕй. Николайы мадызӕнӕг Важайӕ дарддӕр, ма уым уыд сӕ хъӕуккаг Дыгъуызты Миту.
Дыгъуызты Николайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Ереды трагеди канд сӕ бинонты ӕмӕ хъӕуы фыдох нӕ уыд, фӕлӕ ӕгас Ирыстоны.
Тӕргӕйтты мӕйы 18 бон 1991 ссардта йӕ бынат поэзийы дӕр, снывонд ын кодтой ӕмдзӕвгӕтӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0