Хуссар Иры сывӕллӕтты кафты коллектив хайад райсдзӕн Ставрополы фестивалы

© Из личного архива Ацамаза ТедетыАнсамбль "Зилахар"
Ансамбль Зилахар  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты кафты ансамбль "Зилахар" хайад райсдзӕн фестиваль "Звездный путь"-ы Ставрополы. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта къорды аивадон къухдариуӕггӕнӕг Тедеты Ацӕмӕз.

"Мах хӕссӕм цыппар кафты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдзӕн дзы ирон хореографийы фидыц - симд, афтӕ ма хонгӕ, хӕххон, авайраг кӕфтытӕ", - загъта уый.

Культурон мадзал райдайдзӕн 21 марты, хайад дзы райсдзысты сфӕлдыстадон коллективтӕ Хуссар федералон зылды регионтӕй.
"Сывӕллӕттӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц ӕрвылбон дӕр. Сӕ тыхтӕ радтой кафынмӕ ӕмӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц снысангонд бонмӕ", - бафиппайдта Тедеты Ацӕмӕз.
Ансамбль "Зилахар" уӕвы Цхинвалы 1-ӕм скъолайы бындурыл. Йе сконды ис 60 ӕвзонг кафӕджы. Ивгъуыд азы кӕрон хореографион къорд райста ӕхсӕнадӕмон конкурс "Времена года"-йы Гран-при.
Ног хабӕртты лентӕ
0