https://sputnik-ossetia.com/20220320/zayy-byn-fatsis-anakhan-khau-dzhusoyty-klavdiya-khokhrbyny-tragediyy-tykhkhy-15601415.html
"Зӕйы бын фӕцис ӕнӕхъӕн хъӕу": Джусойты Клавдия Хохрæбыны трагедийы тыххæй
"Зӕйы бын фӕцис ӕнӕхъӕн хъӕу": Джусойты Клавдия Хохрæбыны трагедийы тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон адӕмы фыдӕлтӕ фылдӕрбӕрцӕй хӕхбӕсты цардысты, зынвадат ӕмӕ тӕссаг бынӕтты. Уымӕ гӕсгӕ сӕм ӕрдзон фыдбылызтӕ дӕр арӕх уыдысты. Уӕлдайдӕр та зымӕгон... 20.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-20T11:55+0300
2022-03-20T11:55+0300
2022-03-20T11:55+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/15/15601369_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_64d034fbfe8f125f9f31a01686b9e17c.jpg
Джусойты Клавдия Хохрæбыны трагедийы тыххæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
Джусойты Клавдия Хохрæбыны трагедийы тыххæй
Ирон адӕмы фыдӕлтӕ фылдӕрбӕрцӕй хӕхбӕсты цардысты, зынвадат ӕмӕ тӕссаг бынӕтты. Уымӕ гӕсгӕ сӕм ӕрдзон фыдбылызтӕ дӕр арӕх уыдысты. Уӕлдайдӕр та зымӕгон рӕстӕджы - зӕй-иу фӕласта тынг бирӕ адӕмы. Иу ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрцыд 1932 азы 14 февралы. Уыцы зымӕджы ӕнахуыр стыр мит ныууарыд ӕмӕ рацыд зӕй. Зæйы бын фесты Къуыдаргомы хъæу Хохрæбыны цӕрджытӕ - сæдæ адæймагæй фылдæр. Уыцы хъæуы ма фæсфæд иу хæдзар лæууыдис, зæй рацыд йæ фæрсты æмæ фыдбылызӕй ӕрмӕстдӕр уыцы бинонтæ аивæрзтысты. Уыцы бинонтӕ та уыдысты зынгӕ ирон академик Джусойты Нафийы ныййарджытӕ.Йӕ ныхæстæм гæсгæ, хъæу уыд комы, æмæ мит куы ратыдта, уæд æнæхъæнӕй зæйы бын фæцис. "Нафи, мӕ иннӕ хо Ксения, мæ мад æмæ фыд уыцы хæдзары фæрцы аирвæзтысты. Нæ дæллаг хæдзар æмæ фæллой нын иууылдæр зæй фæхаста", - загъта Джуссойты Клавдия. Къуыдаргомы Хохрæбыны хъӕуы зæйы бын амардис 113 адæймаджы. Уыцы хабар уыд иумæйаг трагеди ӕппӕт Ирыстонæн. Бæстондæрæй мысинæгтæм хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/02/15/15601369_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_33d4d3cc8640907a4889f1fa045c19c0.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудио
"Зӕйы бын фӕцис ӕнӕхъӕн хъӕу": Джусойты Клавдия Хохрæбыны трагедийы тыххæй
Ирон адӕмы фыдӕлтӕ фылдӕрбӕрцӕй хӕхбӕсты цардысты, зынвадат ӕмӕ тӕссаг бынӕтты. Уымӕ гӕсгӕ сӕм ӕрдзон фыдбылызтӕ дӕр арӕх уыдысты. Уӕлдайдӕр та зымӕгон рӕстӕджы - зӕй-иу фӕласта тынг бирӕ адӕмы. Иу ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрцыд 1932 азы 14 февралы. Уыцы зымӕджы ӕнахуыр стыр мит ныууарыд ӕмӕ рацыд зӕй.
Зæйы бын фесты Къуыдаргомы хъæу Хохрæбыны цӕрджытӕ - сæдæ адæймагæй фылдæр. Уыцы хъæуы ма фæсфæд иу хæдзар лæууыдис, зæй рацыд йæ фæрсты æмæ фыдбылызӕй ӕрмӕстдӕр уыцы бинонтæ аивæрзтысты. Уыцы бинонтӕ та уыдысты зынгӕ ирон академик Джусойты Нафийы ныййарджытӕ.
"Махæн уыд дыууæуæладзыгон хæдзар доны былыл. Мæ фыд æндæр лæгимæ гыццыл зæххы гæбазыл быцæу кодта, æмæ уый та уыд къуыппыл. Уым сарæзта хæдзар æмæ уырдæм слыгъдыстæм, цæмæй нын æй ма байсой", - радзырдта Джусойты Нафийы хо Клавдия.
Йӕ ныхæстæм гæсгæ, хъæу уыд комы, æмæ мит куы ратыдта, уæд æнæхъæнӕй зæйы бын фæцис.
"Нафи, мӕ иннӕ хо Ксения, мæ мад æмæ фыд уыцы хæдзары фæрцы аирвæзтысты. Нæ дæллаг хæдзар æмæ фæллой нын иууылдæр зæй фæхаста", - загъта Джуссойты Клавдия.
Къуыдаргомы Хохрæбыны хъӕуы зæйы бын амардис 113 адæймаджы. Уыцы хабар уыд иумæйаг трагеди ӕппӕт Ирыстонæн.
Бæстондæрæй мысинæгтæм хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.