https://sputnik-ossetia.com/20220321/duneya-ippard-sinagurma-fandag-asygdag-kandzysty-mitay-15974238.html
Дунейӕ иппӕрд: Синагурмӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕндзысты митӕй
Дунейӕ иппӕрд: Синагурмӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕндзысты митӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны дӕрддзӕф хъӕутӕй иу - Синагур - дыккаг къуыри у иппӕрд дунейӕ. Бынӕттон цӕрджытӕ куыд дзурынц... 21.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-21T11:31+0300
2022-03-21T11:31+0300
2022-03-21T14:53+0300
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/03/19/11995850_0:0:1280:720_1920x0_80_0_0_7d4b5df770ecbcb3b09a567c2799856d.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны дӕрддзӕф хъӕутӕй иу - Синагур - дыккаг къуыри у иппӕрд дунейӕ. Бынӕттон цӕрджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй цӕрӕн пунктмӕ фӕндаг митуарды аххосӕй ӕхгӕд у ныр дӕс бонӕй фылдӕр. Хъӕу Синагур ис Хуссар Иры Дзауы районы, республикӕйы ныгуылӕйнаг арӕнтӕм хӕстӕг. Хъӕуы цӕры 25 бинонтӕ. Уыдонӕн нӕй фадат райцентры онг рацӕуын.Уыӕй дарддӕр мак, цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕндагон службӕтӕн нӕй фадат сыгъдӕггӕнӕн куыстытӕм бавналын, уымӕн ӕмӕ сӕ трактор у хӕлд. Проблемӕ аскъуыддзаг кӕныныл та кусгӕ дӕр ничи кӕны. Фӕндагон арӕзтады комитеты Sputnik куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй ныртӕккӕ техникӕ цӕуы цалцӕг ӕмӕ куыддӕр срӕвдз уа, афтӕмӕй асыгъдӕг кӕндзысты фӕндаг."Абон сараздзыстӕм трактор. Уый фехӕлд, уымӕн ӕмӕ ӕруарыд тынг бирӕ мит, ӕмӕ фӕндӕгтӕ сыгъдӕг кодта зын уавӕрты", - банысан кодтой уагдоны.Фӕндагон службӕтӕ та ахсӕв бавналдзысты фӕндаг сыгъдӕг кӕнынмӕ, ӕмӕ сын чизоны дыццӕгмӕ бантыса йӕ алыг кӕнын.Цалдӕр боны размӕ ма ахӕм проблемӕ фӕзынд Дзауы районы Къозыхъӕуы дӕр. Уым ӕруарыд метры бӕрц мит. Ивгъуыд улӕфт бонты Къуаисайы коммуналон службӕты минӕвӕрттӕ радзырдтой, ӕртӕ суткӕйы дӕргъы кӕй цыдысты хъӕуы цӕрӕгмӕ, кӕцыйы ӕвӕстиатӕй хъуыд госпитализаци.
https://sputnik-ossetia.com/20220127/khussar-irystony-darddzaf-khautam-mituard-askuydta-fandagon-bastdzinad--15339746.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/03/19/11995850_160:0:1120:720_1920x0_80_0_0_b8434cee7096bff55cdda28f376f4215.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны
Дунейӕ иппӕрд: Синагурмӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕндзысты митӕй
11:31 21.03.2022 (Ранӕуӕггонд: 14:53 21.03.2022) ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны дӕрддзӕф хъӕутӕй иу - Синагур - дыккаг къуыри у иппӕрд дунейӕ. Бынӕттон цӕрджытӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй цӕрӕн пунктмӕ фӕндаг митуарды аххосӕй ӕхгӕд у ныр дӕс бонӕй фылдӕр.
Хъӕу Синагур ис Хуссар Иры Дзауы районы, республикӕйы ныгуылӕйнаг арӕнтӕм хӕстӕг. Хъӕуы цӕры 25 бинонтӕ. Уыдонӕн нӕй фадат райцентры онг рацӕуын.
"Махмӕ фӕндаг ӕрӕхгӕдта, цалынмӕ Транскам нӕ сӕхгӕдтой, уӕдмӕ. Мах стӕм иппӕрд дунейӕ. Хорз у, ӕмӕ нӕм рынчын ничи ис.Дзурынц, зӕгъгӕ, бирӕ мит ныууарыд фӕндагыл, фӕлӕ йын исты хъӕуы саразын. Мах та цы фӕуӕм, уӕдтама нӕм искӕй ӕнӕниздзинад февзӕр", - хъаст кӕны хъӕуы цӕрӕг.
Уыӕй дарддӕр мак, цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕндагон службӕтӕн нӕй фадат сыгъдӕггӕнӕн куыстытӕм бавналын, уымӕн ӕмӕ сӕ трактор у хӕлд. Проблемӕ аскъуыддзаг кӕныныл та кусгӕ дӕр ничи кӕны.
Фӕндагон арӕзтады комитеты Sputnik куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй ныртӕккӕ техникӕ цӕуы цалцӕг ӕмӕ куыддӕр срӕвдз уа, афтӕмӕй асыгъдӕг кӕндзысты фӕндаг.
"Абон сараздзыстӕм трактор. Уый фехӕлд, уымӕн ӕмӕ ӕруарыд тынг бирӕ мит, ӕмӕ фӕндӕгтӕ сыгъдӕг кодта зын уавӕрты", - банысан кодтой уагдоны.
Фӕндагон службӕтӕ та ахсӕв бавналдзысты фӕндаг сыгъдӕг кӕнынмӕ, ӕмӕ сын чизоны дыццӕгмӕ бантыса йӕ алыг кӕнын.
Цалдӕр боны размӕ ма ахӕм проблемӕ фӕзынд Дзауы районы Къозыхъӕуы дӕр. Уым ӕруарыд метры бӕрц мит. Ивгъуыд улӕфт бонты Къуаисайы коммуналон службӕты минӕвӕрттӕ радзырдтой, ӕртӕ суткӕйы дӕргъы кӕй цыдысты хъӕуы цӕрӕгмӕ, кӕцыйы ӕвӕстиатӕй хъуыд госпитализаци.