Психолог: сывæллонæн æнæмæнгæй хъуамæ уа улæфыны рæстæг

© Sputnik / Наталья АйриянГӕбулты Индира
Гӕбулты Индира  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2022
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны скъоладзаутæн райдыдтой уалдзыгон каникултæ æмæ сын фæзынд бирæ сæрибар рæстæг. Ныййарджыты хæс у, цæмæй сын сæ улæфты рæстæг сорганизаци кæной. Психологтæ куыд дзурынц, афтæмæй улæфт у архайды ивд. Афтæ у æви нæ, уый тыххæй радио Sputnik радзырдта психолог Гæбулты Индира.
"Махмæ ис Æвзонг натуралистты станц, Æвзонг робототехникты станц, Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Сывæллæттæн сæ бон у æмæ бацæуой уырдæм", - радзырдта психолог.
Телефонты хъазтытæй Индира загъта, зæгъгæ, цæмæй зиан ма ᾿рхæсса сывæллонæн, куыд йæ цæстытæн, афтæ йæ сæры магъзы архайдæн дæр, уый тыххӕй хъуамӕ бон фынддæс-ссæдз минутæй фылдæр ма архайой телефонимӕ.
"Сывæллонæн æнæмæнгæй хъуамæ уа иу сахат бон, цæмæй æппындæр мацы араза. Уыцы рæстæджы магъз улæфы æмæ стресс къаддæр кæны", - банысан кодта Гæбулты Индира.
Уый ма бахахх кодта, кæд æмæ ныр дунейы цы цаутæ цæуы, уыдоны тыххæй адæм сты сагъæссаг, уæддæр, фыццаджыдæр, ныййарджытæ сæхæдæг хъуамæ уой хъæлдзæг, цæмæй сывæллæттæн дæнцæг уой.
Бæстондæрæй, куыд хъæуы сæывæлллæттæн уалдзыгон улæфты бонтæ сорганизаци кæнын, хъусут радио Sputnik Хуссар Ирыстон 106.3
Ног хабӕртты лентӕ
0