РХИ Уӕлдӕр тӕрхондон аиуварс кодта президенты бынатмӕ дыууӕ кандидаты хъӕстытӕ

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ Уӕлдӕр тӕрхондон
РХИ Уӕлдӕр тӕрхондон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр тӕрхондон аиуварс кодта депутат Санахъоты Давид ӕмӕ компани "Мегафон-Хуссар Ирыстоны" раздӕры директор Къутӕрты Асланы хъӕстытӕ ЦӔК скъуыддзагыл, кӕцы сӕ не срегистраци кодта республикӕйы президентмӕ кандидаттӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодтой тӕрхондоны пресс-службӕйы.
Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК) 15 марты аскъуыддзаг кодта срегистраци кӕнын президенты бынатмӕ фондз кандидаты ӕмӕ ацух кодта 12 претенденты.
Уыдонӕй ӕхсӕз – Къутӕрты Аслан, Санахъоты Давид, Зӕгъойты Рустам, Къацты Гено, Тадтаты Таймураз ӕмӕ Гассеты Ибрагим – аскъуыддзаг кодтой бахъаст кӕнын ЦӔК скъуыддзагыл тӕрхондонмӕ.
"Абоны бонмӕ Уӕлдӕр тӕрхондон аиуварс кодта кандидаттӕ Санахъоты Давид ӕмӕ Къутӕрты Асланы домӕн куырдиӕттӕ. Аннӕ претендентты административон домӕн куырдиӕттӕ нырма сты ӕркасты стадийыл", - банысан кодтой Уӕлдӕр тӕрхондоны пресс-службӕйы.
Ӕввахс дыууӕ боны бӕрӕг уыдзысты цыппӕр ӕндӕр кандидаты фӕдыл скъуыддзӕгтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0