Сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ бронзӕ майдантӕ рамбылдтой хуссарирыстойнаг богалтӕ Дзӕуджыхъӕуы

Сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ бронзӕ майдантӕ рамбылдтой хуссарирыстойнаг богалтӕ Дзӕуджыхъӕуы
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны-Аланийы уагъд ӕрцыд республикон фыццагад, уым хайад райстой Хуссар Ирыстоны хъӕбысӕйхцджыты скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ дӕр. Тренер Коцты Тамерлан куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ацы ерыстӕ сты традицион ӕмӕ дзы хуссарирыстойнаг спортсментӕ рагӕй исынц хайад.
"Ерысты уӕлахисдзаутӕ ӕмӕ призертӕ уый фӕстӕ райсынц хайад Цӕгат Кавказы Федералон зылды турниры", - загъта тренер.
Коцты Тамерлан куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ хъӕбысхӕцджытӕ ӕрхастой ӕртӕ майданы: сыгъзӕирн, ӕвзист ӕмӕ бронзӕ. Уый бафтыдта, ахӕм ӕнтыстытӕ ма кӕй уыд раздӕр дӕр ӕвзонг спортсментӕн.
Тренер загъта, ныр та хъӕбысӕйхӕцджыты скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ сӕхи кӕй цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0