Транскам та ногӕй сӕхгӕдтой - фӕндагыл рацыдысты зӕйтӕ

© Пресс-служба МЧС РЮОЗӕй Транскамыл
Зӕй Транскамыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 мар - Sputnik. Транскам ногӕй сӕхгӕдтой автотранспортон змӕлдӕн - стыр митуарды фӕстиуӕгӕн фӕндагмӕ рацыдысты зӕйтӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны УУМ пресс-службӕ.
"Транскавказы автомагистралыл фӕндагон змӕлд ӕрурӕдтой 17.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг. Тобӕ ӕххӕссы автотранспорты алы хуызыл дӕр. Фӕндагыл ӕрцыдысты зӕйтӕ", - дзырдӕуы УУМ хъусинаджы.
Уагдоны ма банысан кодтой, республикӕйы хӕххон районты нырма дӕр тас кӕй у зӕйты ӕрцыдӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0