Транскам ногӕй сӕхгӕдтой сӕрмагонд барамынды онг

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам зимой
Транскам зимой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 фев – Sputnik. Транскавказаг автомагистраль ногӕй ӕрцыд ӕхгӕд транспорты змӕлдӕн сӕрмагонд барамынды онг зӕйтӕ ӕрцӕуыны тасы тыххӕй. Уый тыххӕй дыццӕджы хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Транскавказаг автомагистралы фӕндагон змӕлдыл тобӕ ис 9.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг. Хӕхты ис зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас", - банысан кодтой уагдоны.
Къуырисӕры изӕры трассӕ сӕхгӕдтой дыццӕджы райсомы онг, цӕмӕй ауадзой хӕдтулгӕты, кӕцытӕ баззадысты зӕйты хсӕн. Ӕдӕппӕт та дыууӕ къуырийы дӕргъы магистраль сӕхгӕдтой ӕртыккӕгӕм хатт тыхджын митуард ӕмӕ зӕйты ӕрцыды тыххӕй.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0