"Za Победу": Цхинвалы скъоладзаутӕ сорганизаци кодтой флешмоб УФ сӕрмагонд операцийы фӕдыл

© Sputnik / Natalia Airiyan"Za Победу"
Za Победу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы Колыты Аксойы номыл Аивӕдты лицейы ахуырдзаутӕ дыццӕджы ауагътой флешмоб Уӕрӕсейы Федерацийы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы фӕдыл.
Сывӕллӕттӕ ӕрӕмбырд сты скъолайы кӕрты ӕмӕ слӕууыдысты "Z" дамгъӕйӕ. Скъоладзауты къухты ис уӕрӕсейаг ӕмӕ ирон тырысатӕ.
© Sputnik / Natalia Airiyan"Za Победу"
Флешмоб в поддержку спецоперации России на Украине  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2022
"Za Победу"
УФ Хъахъхъӕнынады министрад куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй "Z" дамгъӕйы нысаниуӕг у "За победу", "V" дамгъӕйы та "Сила V (в) правде". "V" дамгъӕйы ноджы иу нысаниуӕг ма у "V" –"Задача будет Vыполнена".
Хуссар Ирыстоны столицӕйы акцийы хайад райстой 5 – 9 кълӕсты ахуырдзаутӕ, ӕдӕппӕт 100 адӕймагӕй фылдӕр.
"Ацы флешмобӕй мах фӕнды балӕууын Уӕрӕсе, Владимир Путин ӕмӕ не ‘мбӕстӕгты фарс, кӕцытӕ хайад исынц уӕрӕсейаг сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы Украинайы. Ахӕм акцитӕ рӕзын кӕнынц патриотикон ӕнкъарӕнтӕ рӕзгӕ фӕлтӕрӕн. Фӕнды мӕ, цӕмӕй алцыдӕр хорзӕй фӕуа, ӕмӕ иууылдӕр ӕнӕниз ӕмӕ сӕрыгасӕй ӕрыздӕхой сӕ бинонтӕм", - радзырдта Лицейы ахуырадон хайады гӕс Плиты Нелли, кӕцы банхъардта ауадзын ацы акци.
Амӕйразмӕ ноджы иу цхинвайлаг скъолайы ныффыстой видеобадзырд адӕммӕ, кӕцытӕ хайад исынц УФ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы Украинайы.
© Sputnik / Natalia Airiyan"Za Победу"
Флешмоб в поддержку спецоперации России на Украине  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.03.2022
"Za Победу"
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0