Транскамыл ногӕй сӕхгӕдтой фӕндагон змӕлд транспортӕн

© Natalia Airiyan Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 мар - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы ӕртыццӕджы райсом ногӕй сӕвӕрдтой арӕнӕвӕрдтӕ автотранспорты змӕлдӕн, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Транскавказы автомагистралы транспорты змӕлды ис тобӕй 10.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, хӕхты кӕй ис зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас.
Транскам сӕхгӕдтой къуырисӕры фӕндагыл зӕйтӕ кӕй ӕрцыд, уый аххосӕй. Уый фӕстӕ фӕндагон змӕлд трассӕйы уылты сног кодтой къуырисӕр ӕмӕ дыццӕджы ӕхсӕвы.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Зымӕгон рӕстӕг фӕндаг кӕддӕрты ӕрцӕуы ӕхгӕд стыр митуарды аххосӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0