Цхинвалы скуыста фыццаг курьерон ӕрвыстыты службӕ

© Из личного архива Анны КокоевойКокойты Аннайы курьерон ӕрвыстыты службӕ
Кокойты Аннайы курьерон ӕрвыстыты службӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы скуыста республикӕйы фыццаг курьерон ӕрвыстыты службӕ. "Бӕллиц"-ы руаджы адӕм дард фӕсарӕнтӕй барухс кӕнынц сӕ хиуӕтты ӕмӕ ӕввахс адӕмы зӕрдӕтӕ дидинтӕй ӕмӕ лӕвӕрттӕй.
Службӕйы куыст срӕвдз кодта Кокойты Анна ивгъуыд азы кӕрон. Нырма сӕ лӕггӕдтӕй пайдакӕнджыты нымӕц ахадгӕ нӕу, фӕлӕ клиенттӕй алчидӕр баззайы райгондӕй.
"Фарон мӕ ӕрфӕндыд саразын ацы службӕ. Ӕнӕмӕнг уыд ирон ном ыл сӕвӕрын, ӕрлӕууыдтӕн "Бӕллиц"-ыл. Нырма нӕ уый бӕрц адӕм нӕ зонынц ӕмӕ нӕм стӕм сты заказтӕ", - радзырдта службӕйы хицау Анна.
Чызджы хъӕппӕрис фылдӕрбӕрцӕй здӕхт уыд фӕсарӕнты цӕрӕг адӕмы къух саразын.
"Мӕ фӕнд уыд, фӕсарӕнты чи ис ӕмӕ йӕ мад, йӕ бинойнаг ӕмӕ сабийы барӕвдауын кӕй фӕнды, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Фӕлӕ нӕ клиентты хсӕн ис ахӕмтӕ дӕр, кӕцытӕ ам цӕрынц, фӕлӕ сӕ фӕфӕнды сюрприз саразын", - бафтыдта чызг.
© Из личного архива Анны КокоевойКокойты Анна
Служба курьерской доставки Анны Кокоевой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2022
Кокойты Анна
Кокойты Аннӕйӕн йӕ куысты ӕххуыс кӕнынц йӕ бинонтӕ. Уыдон ӕмгуыст кӕнынц хъазӕнтӕ ӕмӕ дидинджыты дуканитимӕ ӕмӕ уый фӕрцы ӕххӕст кӕнынц клиентты фӕндтӕ.
Анна ӕгуыст нӕу, фӕлӕ йын йӕ архайдтӕй иууыл уарзонддӕр у "Бӕллиц".
"Иннӕ куыстытӕ ныууадзин ӕмӕ мӕ тыхтӕ уырдӕм раттин иууылдӕр. Иу адӕймаджы цин дӕр зӕрдӕ срайдзаст кӕны иу боны фаг", - бафиппайдта уый.
Амалиуӕггӕнӕг йӕ чысыл бизнес сӕрдмӕ хъавы ноджы баххӕст ӕмӕ фӕхуыздӕр кӕнын.
"Фӕнды мӕ цӕттӕ кӕнын камерон мадзӕлттӕ. Ӕрдзы хьӕбысы ӕвӕрд цӕудзысты рӕсугъд фынгтӕ", - балхынцъ кодта Кокион.
Ног хабӕртты лентӕ
0