Бибылты Анатолий раарфӕ кодта культурӕйы кусджытӕн сӕ бӕрӕгбоны фӕдыл

© Sputnik / Ада БагианАнахарсисы номыл паддзахадон библиотекӕ Цхинвлы
Анахарсисы номыл паддзахадон библиотекӕ Цхинвлы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Адӕм, кӕцытӕ сӕ цард снывонд кодтой культурӕйы фадыгӕн лӕггад кӕнынӕн, канд рӕсугъддзинад нӕ аразынц, фӕлӕ ма монон ӕмӕ фӕткӕвӕрдон ӕгъдауӕй хъӕздыг кӕнынц ӕхсӕнад, банысан кодта президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы Культурӕйы кусӕджы боны цытӕн.
"Нӕ культурӕ фидар цыд бирӕ ӕнусты дӕргъы, йӕхимӕ ӕрбаиу кодта нӕ адӕмы ӕнтыстытӕ ӕмӕ уникалон традицитӕ. Ацы ӕппӕтнацион бынтӕ сты не 'хсӕнады райрӕзты ахсджиагдӕр фактортӕй иу, афтӕ ма рӕзгӕ фӕлтӕрты схъомыл кӕныны бындур", - дзырдӕуы арфӕйы тексты.
Президент бафтыдта, культурӕйы фадыджы кусджытӕ кӕй кӕссынц стыр бӕрндзинад, уымӕн ӕмӕ уыдон хъахъхъӕнынц ӕмӕ дарддӕр дӕттынц фидӕны фӕлтӕртӕм национ культурӕмӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕрыстырдзинад, афтӕ ма агурынц культурон традициты популяризаци кӕнынӕн ног амӕлттӕ.
"Ныфс мӕ ис, уӕ профессионалондзинад ӕмӕ сфӕлдыстад дарддӕр дӕр ахъах уыдзысты ирон ӕхсӕнады монон-фӕткӕвӕрдон хъомыладӕн", - банысан кодта Бибылты Анатолий.
Бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы цӕст бауарзта культурӕйы фадыджы кусджытӕн амонд, фӕрныгад ӕмӕ зӕрдӕскъӕфтдзинад.
Ног хабӕртты лентӕ
0