Хуссар Ирыстоны президент арвыста Донбассмӕ гуманитарон ӕххуыс

© Sputnik / Павел Львов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны президент арвыста Донбассмӕ гуманитарон ӕххуыс
Хуссар Ирыстоны президент арвыста Донбассмӕ гуманитарон ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий арвыста йӕ номӕй гумманитарон ӕххуыс Донбассы цӕрджытӕн, фехъусын кодта йӕ пресс-секретарь Гасситы Дина.
Хуссар Ирыстоны ныридӕгӕн архайы цалдӕр ӕмбырдгӕнӕн пункты Донбассы адӕмӕн ӕххуысӕн, цы ран ныр мӕййӕ фылдӕр цӕуы Уӕрӕсейы сӕрмагонд операци.
"Президент фыццаг рады арвыста Донбассмӕ медикаменттӕ - капельницӕтӕ, бинтытӕ - фӕцӕфуӕвджытӕн ӕххуысӕн. Уымӕй дарддӕр цӕрджытӕм фӕхӕццӕ уыдзӕн цалдӕр тонны продукттӕ - картоф, нӕлхӕ, макаронтӕ", - загъта Гасситы Дина.
Раздӕр ма бӕстӕйы сӕргълӕууӕг расидт ӕххуысы централизацигонд ӕмбырд, кӕцымӕ йӕ хъус дардзӕн йе 'мкъай Куымӕридтаты Линда.
Ног хабӕртты лентӕ
0