Куымӕридтаты Линда йӕхимӕ райста ирон ӕфсӕддонтӕн гуманитарон ӕххуыс ӕмбырд кӕныны куыст

© Sputnik / Наталья АйриянКуымӕридтаты Линда
Куымӕридтаты Линда  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 мар фев - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президенты бинойнаг Куымӕридтаты Линда йӕ дӕлбар бакӕндзӕн гуманитарон ӕххуысы ӕмбырд Уӕрӕсейы ӕфсӕддон операцийы архайӕг хӕстонтӕн. Куыст срӕвдз ис майрӕмбонӕй, ӕххуысы фыццаг гуырахст ацӕудзӕн къуырийы фӕстӕ.

"Хӕсты зындзинад мах нӕхӕдӕг бавзӕрстам. Мӕ бинонтӕ рацыдысты ацы зын фӕндагыл, мӕхӕдӕг мӕ сабитимӕ бадтӕн ныккӕнды, сӕ фыд та уыд хӕсты. Ардыгӕй цы лӕппутӕ ацыдысты Украинайы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцимӕ, уыдонӕн се 'ппӕтӕн дӕр мӕн фӕнды баххуыс кӕнын", - загъта Sputnik Куымӕридтаты Линда.

Президенты бинойнаг архайдзӕн ЛАР ӕмӕ ДАР-ы разамындимӕ иумӕ. Гумманитарон ӕххуыс ист цӕудзӕн фонд "Аланийы иудзинад"-ы базӕйыл Цхинвалы Сталины уынджы, 19 хӕдзары.
Паддзахады разамонӕг йӕхӕдӕг йӕ фарсыл социалон хуызӕгты ныффыста, йӕ фембӕлдты рӕстӕджы адӕм кӕй ӕвдисынц сӕ тыхстдзинад хӕстон операцийы тыххӕй.
"Адӕм фӕрсынц, куыд сты нӕ лӕппутӕ ӕмӕ Донбассы сабыр цӕрджытӕ. Мах хорз зонӕм, цы бӕллӕхтӕ хӕссы хӕст. Бирӕ адӕм ӕмбырд кӕнынц ӕххуыс ӕмӕ ласынц сӕрмагонд операцийы бынатмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.
24 февралы Уӕрӕсе Украинӕйы сӕрмагондӕй хӕстон операци куы райдыдта, уӕдӕй нырмӕ Хуссар Ирыстоны сӕ хъус дарынц уыцы цаутӕм. Фӕстӕдӕр хӕстон операцимӕ бамбал сты Уӕрӕсейы цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы бынӕттон хӕстонтӕ. Уӕдӕй нырмӕ Хуссар Ирыстоны сцайдагъ ис гуманитарон ӕххуыс ӕмбырд кӕныны куыст.
Ног хабӕртты лентӕ
0