Уӕрӕсейаг хирургтӕ ауадздзысты ӕнӕаргъ операцитӕ Хуссар Иры

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейаг хирургтӕ ауадздзысты ӕнӕаргъ операцитӕ Хуссар Иры
Уӕрӕсейаг хирургтӕ ауадздзысты ӕнӕаргъ операцитӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik, Козаты Диана. Травматологтӕ ӕмӕ ӕрмыты хирургтӕ Уӕрӕсейӕ дыууӕ боны дӕргъы уадздзысты ӕнӕаргъ консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ Хуссар Ирыстоны, хъусын кӕны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.
Ахӕм практикӕ республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад фыццаг хатт нӕ ӕххӕст кӕны. Уӕрӕсейаг специалистты иудадзыг фӕхонынц Хуссар Ирыстонмӕ.
"Республикон бирӕпрофилон медицинон центры травматологион дӕлхайады уагъд цӕудзысты консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ, кӕцытӕ уадздзысты дохтыр травматолог-ортопед, ӕрмыты хирург, реконструктивон микрохирург Николай Карпинский ӕмӕ травматолог-ортопед, пластикон хирург, ӕрмыты хирург, реконструктивон микрохирург Андрей Жигало", - загътой уагдоны.
Пациентты исдзысты 31 марты 19.00-20.00 сахатыл ӕмӕ 1 апрелы 10.00 сахатӕй фӕстӕмӕ. Уагдоны бахахх кодтой, зӕгъгӕ, нырыккон методикӕтӕм гӕсгӕ консультацитӕ ӕмӕ операцитӕ уагъд цӕудзысты ӕнӕаргъӕй.
Пациенттӕн сӕхи ныффысын кӕнын фӕдыл хъӕуы бадзурын дохтыр травматолог-ортопед Козаты Дмитримӕ. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ма банысан кодтой, нывӕзты кӕй ис ӕнӕаргъ реконструктивон операци сывӕллонӕн армы синдактилийы фӕдыл ӕмӕ реконструктивон операци къухы параличы фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0