Хуссар Иры Синагуры хъӕумӕ уӕлвӕткон службӕтӕ баластой ӕнӕмӕнгхъӕугӕ хӕлцад

© Sputnik / Natalia AiriyanМит
Мит - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Синагуры администрацийы хъӕутӕм уӕлвӕткон уавӕрты министрады тыхтӕй баластой ӕнӕмӕнгхъӕугӕ хӕлцад, фехъусын кодтой Sputnik Дзауы районы пресс-службӕйы.
Къуыдаргомы ацы коммӕ фӕндаг нӕй ныр ӕртыккаг къуыри. Мит бацӕуӕнтӕ бамбӕрзта, фӕндагон службӕтӕ нӕ тых кӕнынц хъӕпӕнтыл фӕндаг айгӕрдын.
"Уӕлвӕткон уавӕрты министрады къорд баласта фыццаг ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ӕрмӕг цӕрджытӕн ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕн", - загътой пресс-службӕйы.
Уым ма радзырдтой, фӕндагыл дарддӕр куыст цӕуы.
"Сӕрмагонд службӕтӕ архайынц фӕдаг асыгъдӕг кӕныныл. УУМ хӕдтулгӕ дӕр баззад фӕндагыл", - бафтыдтой уым.
Сигагуры администрацимӕ хауынц Карзман, Жалабет, Теделет. Уыдоны цӕры 57 хӕдзары, ам ма кусы арӕнхъахъхъӕнӕг дӕлхайад дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0