Хуссарирыстойнаг боксертӕ ссисты "Юность России"-ы призертӕ

© Их архива тренера Р. КумаритоваХуссарирыстойнаг боксертӕ
Хуссарирыстойнаг боксертӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксертӕ расгуыхтысты Ставрополы крайы уагъд цӕуӕг ерыстӕ "Юность России"-йы. Командӕ рамбылдта иу ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майдан, фехъусын кодта спортсменты тренер Куымӕридтаты Родион.
Гуырахстджын ерыстӕ "Юность России" сты ӕвзарӕн этап Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.

"Цыппар лӕппуйы акодтам. Хъыгагӕн, нӕм уӕлахиздзау нӕй. Букуылты Арсен ссис бронзӕйон призер. Гуыцмӕзты Тамерлан рамбылдта ӕвзист майдан - уый фидарӕй рахицӕн кӕнӕн ис, уымӕн ӕмӕ лӕппу ауагъта цыппар тохы ӕмӕ дзы ӕрмӕст иуы фӕхӕрд ис", - загъта тренер.

Уый ма бафтыдта, райсгӕ ӕнтыстытӕй сӕхи кӕй нӕ буц кӕнынц ӕмӕ ныр та тырндзысты ног уӕлахизтӕм.
"Ууыл не рлӕудзыстӕм ӕмӕ ӕндӕр турнирты руаджы архайдзыстӕм ахизын Уӕрӕсейы фыццагадмӕ", - бафтыдта Родион.
Хуссар Иры командӕйы сконды уыдысты Гуыцмӕзты Тамерлан, Букуылты Арсен, Туаты Сослан ӕмӕ Коцты Дауыт. Фӕсивӕды бацӕттӕ кодтой тренертӕ Тедеты Александр ӕмӕ Куымӕридтаты Родион.
Ног хабӕртты лентӕ
0