https://sputnik-ossetia.com/20220329/bibylty-anatoliy-skhorzakhdzhyn-kodta-khussar-iry-kontrolon-nymayan-palatayy-kusdzhyty-16076692.html
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Иры контролон-нымайӕн палатӕйы кусджыты
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Иры контролон-нымайӕн палатӕйы кусджыты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны контролон-нымайӕн палатӕйы кусджыты уагдоны сӕвзӕрдыл 15 азы сӕххӕсты... 29.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-29T12:17+0300
2022-03-29T12:17+0300
2022-03-29T12:17+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/1d/16074780_0:42:800:492_1920x0_80_0_0_53e317da8c83b3f68a12bbc4bd5e8a2d.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны контролон-нымайӕн палатӕйы кусджыты уагдоны сӕвзӕрдыл 15 азы сӕххӕсты цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.Бибылты Анатолий бахахх кодта, контролон-нымайӕн палатӕйы кусджыты хайадистӕй фӕфылдӕр кодтой паддзахадон бюджет 855 милуан сомы бӕрц. Афтӕ ма президент радзырдта ног "адӕмон программӕ"-йы тыххӕй, кӕцыйы уыдзысты республикӕйы актуалон домӕнтӕ.Уагдоны кусджытӕ райстой майдантӕ "За службу на страже мира Южной Осетии", "В ознаменование 10-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии", РХИ кады грамотатӕ ӕмӕ республикӕйы президенты бузныджы фыстӕджытӕ. Кӕцыдӕр кусджытӕн радтой сӕрмагонд нӕмттӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/1d/16074780_45:0:756:533_1920x0_80_0_0_163ffef87ee4b0e98f94512b96aeec60.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Иры контролон-нымайӕн палатӕйы кусджыты
ЦХИНВАЛ, 29 мар - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны контролон-нымайӕн палатӕйы кусджыты уагдоны сӕвзӕрдыл 15 азы сӕххӕсты цытӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
"Контролон-нымайӕн палатӕйы кусджытӕ цӕсгомджын ӕмӕ бӕрнон ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕслӕвӕрдтӕ, фӕллой кӕнынц нӕ ӕхсӕнады хӕрзӕбонӕн ӕмӕ иузӕрдыг сты закон, хӕдбардзинад ӕмӕ объективондзинадӕн. Контролон-нымайӕн палатӕйӕн ис ахсджиаг бынат паддзахадон хӕслӕвӕрдтӕ скъуыддзаг кӕныны хъуыддаджы. Уӕ эффективон куыстыл баст у бӕстӕйы финансон ӕдасдзинад ӕмӕ паддзахадон хӕрдзты хатдзӕгтӕ, афтӕ ма коррупцийы ныхмӕ тох. Уымӕн ис стыр нысаниуӕг нывӕзтыты ӕнтыстджын реализацийӕн", - загъта президент.
Бибылты Анатолий бахахх кодта, контролон-нымайӕн палатӕйы кусджыты хайадистӕй фӕфылдӕр кодтой паддзахадон бюджет 855 милуан сомы бӕрц. Афтӕ ма президент радзырдта ног "адӕмон программӕ"-йы тыххӕй, кӕцыйы уыдзысты республикӕйы актуалон домӕнтӕ.
Уагдоны кусджытӕ райстой майдантӕ "За службу на страже мира Южной Осетии", "В ознаменование 10-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии", РХИ кады грамотатӕ ӕмӕ республикӕйы президенты бузныджы фыстӕджытӕ. Кӕцыдӕр кусджытӕн радтой сӕрмагонд нӕмттӕ.