ЦӔК радзырдтой, цал бюллетены ныммыхуыр кӕндзысты Хуссар Иры президентон ӕвзӕрстытӕм

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæБюллетеньты мыхуыр кӕныны процесс
Бюллетеньты мыхуыр кӕныны процесс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны централон ӕвзарӕн къамис ныммыхуыр кӕндзысты 40 мин бюллетены президентон ӕвзӕрстыты хъӕлӕсӕппӕрстӕн, фехъусын кодта Sputnik ЦӔК нымӕрдар Авлохты Кристина.
Президентон ӕвзӕрстытӕм ма баззад дыууӕ къуырийӕ чысыл къаддӕр. Законмӕ гӕсгӕ, бюллетеньтӕ цӕттӕ цӕуынц ӕрмӕстдӕр ЦӔК скъуыддзагӕй ӕмӕ йӕ минӕвӕртты хъусдарды бын. Уымӕй дарддӕр ма бюллетеньты мыхуыры процесмӕ сӕ хъус дардзысты президенттӕм кандидатты минӕвӕрттӕ. Уыдон хъуамӕ мыхуыр ӕрцӕуой хъӕлӕсӕппӕрсты датӕйӕ дӕс бон раздӕр.
"Сцӕттӕ кӕндзыстӕм 40 мин бюллетены. Брак бюллетеньтӕ куынӕг ӕрцӕудзысты кандидатты минӕвӕртты ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты кусджыты цур", - загъта Авлохты Кристина.
Уый ма ноджыдӕр фехъусын кодта, абоны бон республикӕйы регистрацигонд кӕй ис 34 мин ӕвзарӕджы. Республикӕйы ӕддейӕ ӕвзаӕн фадгуыты цал ӕвзарӕджы схъӕлӕс кӕндзӕн, уыдоны дырыс нымӕц нырма бӕрӕг нӕу.
"Уыдон хуссарирыстойнаг ӕмбӕстаджы паспорттимӕ ӕрбацӕудзысты фадгуытӕм ӕмӕ схъӕлӕс кӕндзысты", - бамбарын кодта ЦӔК нымӕрдар.
Раздӕр ЦӔК сфидар кодта ӕвзарӕн бюллетены текст. Уым уыдзӕн фондз мыггаджы: Бибылты Анатолий, Гаглойты Алан, Мулдарты Гарри, Плиты Александр ӕмӕ Тасойты Дмитрий.
Кӕй ис гӕнӕн равзарын Хуссар Ирыстоны президентӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.03.2022
Кӕй ис гӕнӕн равзарын Хуссар Ирыстоны президентӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0