Женеваг дискусситы радон раунд нӕ ацӕудзӕн – Хуссар Иры делегацийы разамонӕг

© Flickr / John6536Женева
Женева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 мар – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы радон раунд нӕ ацӕудзӕн, фехъусын кодта Sputnik хуссарирыстойнаг делегацийы разамонӕг Коцты Константин.
"Радон раунд ӕввахс рӕстӕджы зынтӕй ацӕудзӕн. Дырысӕй бӕрӕг у, ацы бонты цы фембӕлд хъуамӕ ацыдаид Женевайы, уый нӕ ацӕудзӕн. Онлайн-конференци ауадзыны фӕдыл дӕр скъуыддзаг нӕй", - загъта Коцты Константин.
Дискусситы ивгъуыд раунд ацыд Женевайы 7-8 декабры. Фембӕлдыл дзырд цыд регионалон ӕдасдзинады проблематикӕйыл, Гуырдзыстон цӕмӕй тыхӕй ма пайда кӕна, афтӕ ма ирон арӕнгӕрон хъӕу Уисты районы гуырдзиаг постыл.
Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситæ уагъд цæуынц 2008 азæй фæстæмæ. Абоны бон уый у иунæг диалогон формат Абхаз, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæн. Уымæй дарддæр ма сæ хайад исынц Уæрæсе, АИШ, афтæ ма ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0