https://sputnik-ossetia.com/20220330/khussar-iry-atsaudzan-turnir-tsybyr-narditay-16089802.html
Хуссар Иры ацӕудзӕн турнир цыбыр нардӕтӕй
Хуссар Иры ацӕудзӕн турнир цыбыр нардӕтӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн гом турнир цыбыр нардӕтӕй Президенты кубокы сӕраппонд, фехъусын кодта... 30.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-30T10:14+0300
2022-03-30T10:14+0300
2022-03-30T11:15+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/861/72/8617256_0:218:2162:1434_1920x0_80_0_0_412802c235e8bc0b0d120eb0475f3d5c.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн гом турнир цыбыр нардӕтӕй Президенты кубокы сӕраппонд, фехъусын кодта столицӕйы администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты дӕлхайады хистӕр Тасойты Игорь.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ерыстӕ цӕудзысты 31 мартӕй 1 апрелы онг 11.00 сахатыл Культурӕйы хӕдзары (Совпрофы бӕстыхай). Хайад райсыны бар дзы ис 18 азӕй хистӕрдӕр адӕмӕн.Уый банысан кодта, хъӕзтытӕ кӕй цӕудзысты сценӕйыл ӕмӕ трансляци кӕндзысты проекторыл, цӕмӕй кӕсджытӕн лӕмбынӕгӕй бакӕсыны фадат уа ерыстӕм.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/861/72/8617256_0:0:1912:1434_1920x0_80_0_0_4eab0f31ca6c79e43d4fc57c153a0b28.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры ацӕудзӕн турнир цыбыр нардӕтӕй
10:14 30.03.2022 (Ранӕуӕггонд: 11:15 30.03.2022) ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн гом турнир цыбыр нардӕтӕй Президенты кубокы сӕраппонд, фехъусын кодта столицӕйы администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты дӕлхайады хистӕр Тасойты Игорь.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ерыстӕ цӕудзысты 31 мартӕй 1 апрелы онг 11.00 сахатыл Культурӕйы хӕдзары (Совпрофы бӕстыхай). Хайад райсыны бар дзы ис 18 азӕй хистӕрдӕр адӕмӕн.
"Турниры хайад исдзысты хъазджытӕ куыд Хуссар, афтӕ Цӕгат Ирыстонӕй дӕр. Уӕлахиздзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕхцайы ӕмӕ ӕндӕр призтӕ. Фыццаг бынатӕн уӕлахиздзау райсдзӕн 50 000 сомы, дыккагӕн – 30 000 сомы, ӕртыккагӕн та – 20 000 сомы. Лӕвӕртты хсӕн уыддзӕн къухӕй арӕзт нардӕтӕ", - банысан кодта Тасойты Игорь.
Уый банысан кодта, хъӕзтытӕ кӕй цӕудзысты сценӕйыл ӕмӕ трансляци кӕндзысты проекторыл, цӕмӕй кӕсджытӕн лӕмбынӕгӕй бакӕсыны фадат уа ерыстӕм.