https://sputnik-ossetia.com/20220330/khussar-iry-khitsauady-sardar-skhorzakhdzhyn-kodta-finansty-ministrady-kusdzhyty-16094632.html
Хуссар Иры хицауады сӕрдар схорзӕхджын кодта финансты министрады кусджыты
Хуссар Иры хицауады сӕрдар схорзӕхджын кодта финансты министрады кусджыты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады ацыд финансты министрады кусджыты хорзӕхкӕныны церемони, хъусын кӕны министрты кабинеты пресс-службӕ. 30.03.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-03-30T14:24+0300
2022-03-30T14:24+0300
2022-03-30T14:26+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/1e/16094035_0:0:800:451_1920x0_80_0_0_302d23b54cefddbd90beb6d9dc818c57.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады ацыд финансты министрады кусджыты хорзӕхкӕныны церемони, хъусын кӕны министрты кабинеты пресс-службӕ.Бекъойты Геннадийы къухтӕй кады грамотатӕ ӕмӕ хицауады бузныджы фыстӕджытӕ финансон системӕйы райрӕзтмӕ хайабавӕрды тыххӕй райстой 11 адӕймаджы. Бекъойты Геннадий банысан кодта, хорзӕхтӕ кӕй сты финансистты куыстӕн аргъ.Бекъойты Геннадийы цӕст бауарзта ног ӕнтыстытӕ профессионалон архайды.Финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тыбылты Фатимӕ загъта бузныг Бекъойты Геннадийӕн кусджыты номӕй ӕмӕ банысан кодта, объективон зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ коллектив удуӕлдай куыст кӕны.Тыбылты Фатимӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, уагдон дарддӕр тырндзӕн саразын куыст ноджы пайдаджындӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/03/1e/16094035_25:0:780:566_1920x0_80_0_0_d28aa040b185faf33a658a31b8057f4d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры хицауады сӕрдар схорзӕхджын кодта финансты министрады кусджыты
14:24 30.03.2022 (Ранӕуӕггонд: 14:26 30.03.2022) ЦХИНВАЛ, 30 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады ацыд финансты министрады кусджыты хорзӕхкӕныны церемони, хъусын кӕны министрты кабинеты пресс-службӕ.
Бекъойты Геннадийы къухтӕй кады грамотатӕ ӕмӕ хицауады бузныджы фыстӕджытӕ финансон системӕйы райрӕзтмӕ хайабавӕрды тыххӕй райстой 11 адӕймаджы. Бекъойты Геннадий банысан кодта, хорзӕхтӕ кӕй сты финансистты куыстӕн аргъ.
"Финансты министрадӕн ис ахсджиаг бынат ӕххӕстгӕнӕг органты системӕйы, кӕцыйыл ис стыр бӕрндзинад ӕмӕ алыгъуызон функцитӕ республикӕйы райрӕзтӕн", - банысан кодта хицауады сӕрдар.
Бекъойты Геннадийы цӕст бауарзта ног ӕнтыстытӕ профессионалон архайды.
Финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тыбылты Фатимӕ загъта бузныг Бекъойты Геннадийӕн кусджыты номӕй ӕмӕ банысан кодта, объективон зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ коллектив удуӕлдай куыст кӕны.
Тыбылты Фатимӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, уагдон дарддӕр тырндзӕн саразын куыст ноджы пайдаджындӕр.