#ДÆ: "Мегафон – Хуссар Ирыстон" рауагъта тарифты ног линейкӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan#ДÆ: "Мегафон – Хуссар Ирыстон" рауагъта тарифты ног линейкӕ
#ДÆ: Мегафон – Хуссар Ирыстон рауагъта тарифты ног линейкӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 мар – Sputnik, Козаты Диана. Республикӕйы иунӕг мобилон оператор "Мегафон – Хуссар Ирыстон" рауагъта тарифты ног линейкӕ #ДÆ.
Тарифты презентаци ацыд цыппӕрӕмы компанийы офисы. Журналисттӕн радзырдтой ног линейкӕйӕ пайда кӕныны уавӕртӕ ӕмӕ уӕлидзинадыл.
Компанийы генералон директор Николай Фирсовы ныхӕстӕм гӕсгӕ, специалисттӕ анализ сарӕзтой тарифон линейкӕйӕн, уый рацыд тестон фӕлварӕнтӕ.
"Куыст цыд цыппар мӕйы дӕргъы, ӕмӕ абон, мах сӕххӕст кодтам нӕ фӕндтӕ", - банысан кодта уый.
Компанийы коммерцион директор Санахъоты Лариса банысан кодта, тарифты линейкӕ, кӕцы бакодтой дыууӕ азы размӕ, - S, M, L, XL и XXL – нӕ ацӕудзӕн архивмӕ.
Тариф "Стартовый" уыдзӕн ӕнцойуат абоненттӕн, кӕцытӕ пайда кӕнынц хызӕджы мидӕг. Иу мӕймӕ 800 сомӕй пайдагӕнджытӕн уыдзӕн 600 минуты "Остелекомы" номыртӕм ӕмӕ 8 Гб трафик.
"Цифровой"-ы ис ӕнӕлимитон бахизӕн популярон мессенджертӕ ӕмӕ социалон хызӕгтӕм. Афтӕ ма абоненттӕн дӕтдзысты 15 Гб интернет-трафик ӕмӕ 1000 минуты хызӕджы мидӕг бадзырдтӕн. Иу мӕйы фиддон уыдзӕн 1000 сомы бӕрц.
Иууыл егъаудӕр пакет "Максимальный"-ы ис ӕнӕлимитон бахизӕн ӕрмӕст популярон мессенджертӕм нӕ, фӕлӕ ма видеохостингтӕм ӕмӕ музыкалон фӕзуӕттӕм. Уымӕй дарддӕр 50 Гб трафик ӕмӕ 2000 минуты хызӕджы мидӕг бадзырдтӕн.
 Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2021
"Мегафон-Хуссар Ир"-ы директор бамбарын кодта архивон тарифты ӕргъты фӕфылдӕры аххосаг
"Стартовый" ӕмӕ "Цифровой" тарифты ма ис ног опци "Мегафон 100 минут" уӕрӕсейаг операторты номыртӕм бадзырдтӕн. Абоненттӕ сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕндзысты баиу ӕй кӕной, ӕви нӕ.
Компанийы ӕхсӕнадимӕ бастдзинӕдты фӕдыл специалист Бежанты Зӕринӕ фехъусын кодта, ног тарифтӕм фыццаг 10 абоненты чи баиу уа, уыдонӕн ратдзысты лӕвар сертификаттӕ акци "Бонус за переход"-ы фӕлгӕтты.
Алкӕцы тарифыл дӕр, опци "Продли скорость 5 Гб"-ӕй дарддӕр фӕзындзӕн ног опци "Продли Интернет 10 Гб" 550 сомӕй.
Абоны бонмӕ операторы лӕггӕдтӕй пайда кӕнынц 60 000 абоненты.
Ног хабӕртты лентӕ
0