Хуссар Ир консультаци кӕны Уӕрӕсеимӕ референдум ауадзыны фарсты фӕдыл – Бибылты Анатолий

© Sputnik / Natalia AiriyanБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстон уадзы консультацитӕ Уӕрӕсейы Федерациимӕ референдум ауадзыны тыххӕй УФ скондмӕ бахизыны фӕдыл, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий телеканал "Россия 24"-йы эфиры.
Уый размӕ Хуссар Ирыстоны президент фехъусын кодта, республикӕ кӕй райсдзӕн юридикон къахдзӕфтӕ УФ скондмӕ бахизыны тыххӕй.
"Иуыл сӕйрагдӕр у уый, ӕмӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ консультаци ныридӕгӕн цӕуы. Юридикон архӕйдтытӕ хъуамӕ уой ӕхсӕнадӕмон барады бындурыл. Хуссар Ирыстоны у хӕдбар паддзахад ӕмӕ йын фадат ис исын скъуыддзӕгтӕ, кӕцытӕ нымайы йӕхицӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг", - загъта Бибылты Анатолий.
Президент банысан кодта, кӕй хъӕуы бафӕрсын адӕмы хъуыды, фӕлӕ уый "бӕрӕг у".
Президент бахахх кодта, Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фӕстӕ Хуссар Ирыстон нывӕнды ӕрбаиу кӕнын Цӕгат Ирыстонимӕ.
"Алани махӕн ис: Цӕгат Ирыстон – Алани ӕмӕ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани. Уый у иугонд Алани. Уӕрӕсейы Федерацийы сконды куы уӕм, уӕд дзы ис процедурӕтӕ, кӕцытӕ баст сты субъекттӕ ӕрбаиу кӕнынимӕ. Абоны бон Хуссар Ирыстонӕн фадат ис бахизын УФ скондмӕ куыд Уӕрӕсейы субъект", - загъта Бибылты Анатолий.
Ног хабӕртты лентӕ
0