"Къоста". Хуссар Иры театр равдисдзӕн спектакль зынгӕ ирон генийы мысӕн боны

© Sputnik / Наталья АйриянСпектакль "Къоста"
Спектакль Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны драмон театр банысан кӕндзӕн Хетӕгкаты Къостайы мысӕн бон йӕ цардвӕндагыл таурӕгъгӕнӕг спектакль "Къоста"-йӕ, фехъусын кодта Sputnik коллективы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Равдыст нысан у 1-ӕм апрельмӕ, ацы бон 1906 азы йӕ цардӕй ахицӕн гениалон фыссӕг.

"Хетӕгкаты Къостайы мысӕн бонмӕ равдисдзыстӕм Роман Габриайы ӕвӕрд спектакль 'Къоста", уый фӕстӕ йӕ хӕссӕм Санкт-Петербурджы уагъд цӕуӕг фестивальмӕ", - загъта Дзудцаты Тамерлан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Иры паддзахадон драмон театры труппæ хайад райсдзæн XXIV ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Встречи в России"-йы 4-10 апрелы. Уым архайынц Хӕдбар паддзахадты цӕдис ӕмӕ Балтийы бӕстӕты театртӕ. Мадзал цӕудзӕн Санкт-Петербурджы.
Государственный драматический театр им. Коста Хетагурова - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.03.2022
Хуссар Иры театр ралӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Встречи в России"-йы
Хуссар Иры паддзахадон драмон театры музыкалон-литературон композици "Къоста" ӕвӕрд у уæрæсейаг режиссеры цæстæнгасæй. Ирыстоны иууыл зындгонддæр гоймаг ӕвдыст цӕуы низæфхæрд, фæлæ æнæсастӕй - Къоста йæ адæмы бартыл тохгæнæг æмæ Къоста уарзондзинады амынæты.
Ног хабӕртты лентӕ
0