Кремль ницы мадзӕлттӕ исы Хуссар Иры хъусинаджы фӕдыл - Песков

© SputnikАвтозгъорд
Автозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Уӕрӕсейы президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков фехъусын кодта, Кремлы кӕй ницы архайд цӕуы, сӕ нымӕцы юридикон, Хуссар Ирыстоны президенты фӕнд УФ скондмӕ баццӕуыны охыл референдум ауадзыны фӕдыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны РИА Новости.
Раздӕр Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сарӕзта хъусинаг, республикӕйы кӕй кусынц юридикон къахдзӕфтыл УФ скондмӕ бацӕуыны фӕдыл. Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны "ӕнӕ фӕстиатӕй" кӕй хъуамӕ сорганизаци кӕной ӕппӕтадӕмон хъӕлӕсӕппӕрст ацы фарсты фӕдыл.
"Мӕ бон нӕу исты позици равдисын, махмӕ уыцы фарсты фӕдыл нӕдӕр ницы юридикон, нӕдӕр ӕндӕр архайд цӕуы. Фӕлӕ уыимӕ иумӕ дзырд цӕуы Хуссар Ирыстоны цӕрджыты фӕндоныл ӕмӕ мах кад кӕнӕм сӕ тырнындзинадӕн", - загъта Песков журналисттӕн.
Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы 26 августы, Гуырдзыстоны хотыхджын ӕрбабырсты фӕстӕ. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0