Милици ссардта Цхинвалы дуканитӕй иуы тобӕгонд энергетиктӕ

© МВД РЮОМилици ссардта Цхинвалы дуканитӕй иуы тобӕгонд энергетиктӕ
Милици ссардта Цхинвалы дуканитӕй иуы тобӕгонд энергетиктӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 31.03.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ссардтой Цхинвалы дуканитӕй иуы тобӕгонд энергетиктӕ, хъусын кӕны цыппӕрӕмы барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.
Нысангонд ӕрцыд, энергетиктӕ ӕнӕзаконӕй уӕй кӕныны цау сбӕрӕг кодтой оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы.
"Энергетикон нозты 24 авджы ссардтой столицӕйы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ Цхинвалы дуканитӕй иуы", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны банысан кодтой, закон фехалыны тыххӕй столицӕйы 47-аздзыд цӕрӕг сылгоймагмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы административон бӕрндзинад ивары хуызы.
Ног хабӕртты лентӕ
0