Цӕгат Иры ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ фӕцӕф сты сӕрмагонд операцийы рӕстӕджы, райсдзысты фиддонтӕ

© Sputnik / Иван Родионов /  Ахизын медиабанкмæУкраинайы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци
Украинайы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ райстой цӕфтӕ Украинайы сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы рӕстӕджы, райсдзысты иухаттон материалон ӕххуыс. Уый тыххӕй хицауады рабадтыл загъта республикӕйы фӕллойад ӕмӕ социалон райрӕзты министр Айдарты Алина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 300 мин сомы райсдзысты ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ райстой рог цӕфтӕ, 500 мин сомы та хӕстонтӕ, кӕцытӕ райстой уӕззау цӕфтӕ.
"Фиддонтӕ ратдзысты республикӕйы хицауады фӕстауӕрцон фонды фӕрӕзтӕй", - загъта Айдарты Алина.
Нысангонд ӕрцыд, фиддон райсынӕн хъӕуы бавдисын ӕмбӕлон документтӕ, сӕ нымӕцы паспорт ӕмӕ куырдиат профилон министрадмӕ.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0