ЦӔК фехъусын кодтой, цал цӕстдарӕджы ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирмӕ президенты ӕвзӕрстытӕм

© Sputnik / Михаил ХасиевЦентралон ӕвзарӕн къамис
Централон ӕвзарӕн къамис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстонмӕ ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджыты хуызы республикӕйы президенты ӕвзӕрстытӕм ӕрцӕудзысты цыппорӕй фылдӕр минӕвары Уӕрӕсе, Абхаз, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕйӕ, фехъусын кодта Sputnik Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) секретарь Аулохты Кристина.
Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты фараст боны фӕстӕ – 10 апрелы. Паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатмӕ ис фондз кандидаты, сӕ нымӕцы ныры президент Бибылты Анатолий.
"Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм цыппорӕй фылдӕр цӕстдарӕгмӕ ӕвзӕрстыты. Республикӕмӕ ӕрцӕудзысты Уӕрӕсейы Ӕхсӕнадон палатӕ, Паддзахадон думӕ, Луганскы Адӕмон Республикӕ, Цӕгат Ирыстоны ЦӔК, Абхазы ЦӔК ӕмӕ Абхазы Ӕхсӕнадон палатӕйы минӕвӕрттӕ", - загъта Аулохты Кристина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, скъуыддзаг цӕуы фарст Днестыргӕроны республикӕйы минӕвӕртты ӕрцыды фӕдыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0