Цхинвалы ацӕудзысты ерыстӕ аивадон гимнастикӕйӕ

© Sputnik / Элина ГабараеваЦхинвалы ацӕудзысты ерыстӕ аивадон гимнастикӕйӕ
Цхинвалы ацӕудзысты ерыстӕ аивадон гимнастикӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 апр – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы спортивон комплекс "Олимп"-ы дыццӕджы райдайдзӕн Цхинвалы фыццагад аивадон гимнастикӕйӕ, фехъусын кодта Sputnik аивадон ӕмӕ эстетикон гимнастикӕйы Федерацийы президент Цхуырбаты Зема.
Уый банысан кодта, спортивон ерыстӕ кӕй цӕуынц дыккаг аз фӕд-фӕдыл ӕмӕ дзы ӕрвылаз хайад исынц дӕсгай спортсменкӕтӕ.
"Фыццагад ацӕудзӕн 5 апрелы, хайад дзы райсдзысты 35 хуссарирыстойнаг спортсмены, кӕцытӕ сты 2007-2016 азты гуырд. Ерысты хайад райсдзӕн Донбассӕй лигъдон чызг дӕр, кӕцыйыл цӕуы 12 азы", - загъта Цхуырбаты Зема.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕввахс рӕстӕджы гимнасткӕты къорд хайад райсдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты "Ступень к Олимпу"-йы Нальчикы.
Ног хабӕртты лентӕ
0