Тадтаты Алан: референдум ауадзыны фӕдыл инициативон къорды ис 20 адӕймагӕй фылдӕр

Тадтаты Алан: референдум ауадзыны инициативон къорды ис 20 адӕймагӕй фылдӕр
Рафыссын
Хуссар Ирыстон рахаста фӕндон референдум ауадзыны фӕдыл, цӕмӕй бацӕуа Уӕрӕсейы Федерацийы скондмӕ. Уыцы фарсты фӕдыл арӕзт ӕрцыд инициативон къорд. Парламенты сӕрдар Тадтаты Алан куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ, инициативон къодмӕ бацыдысты 20 адӕймагӕй фылдӕр, се ‘хсӕн интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, фыццаг ӕрсидты депутаттӕ, экс-президенттӕ ӕмӕ ныры президент.
"Инициативон къорд бахатыд Централон ӕвзарӕн къамисмӕ, уый хъуамӕ рахӕсса бардзырд, цӕмӕй Уӕлдӕр тӕрхондомӕ бахӕссӕм нӕ куырдиат. Тӕрхондон сбӕлвырд кӕндзӕн, раст юридикон къахдзӕфтӕ арӕзт цӕуы ӕви нӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ бар ратдзӕн президентӕн рахӕссын уынаффӕ референдумы бон снысан кӕнынӕн", - загъта парламенты сӕрдар.
Тадататы Алан куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсейы Федерацийы Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ, Федералон Советы минӕвӕрттӕ, сенатортӕ, губернатортӕ разы сты Хуссар Ирыстоны фӕндонимӕ.
"Мах нӕхи ӕрдыгӕй раст юридикон къахдзӕфтӕ куы саразӕм, уӕд Уӕрӕсейы Федерациӕн йӕ бон у ӕркӕсын нӕ фарстмӕ, уымӕн ӕмӕ нын ис хорз фадат, цӕмӕй Ирыстон баиу уа", - банысан кодта спикер.
Уый ма куыд бахахх кодта, уымӕ гӕсгӕ, УФ паддзахады къухдариуӕгад хорз зоны, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ бирӕбӕрцӕй сӕ сомбон кӕй бӕттынц Уӕрӕсеимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0