Цхинвалы хатдзӕгтӕ скодтой ленк кӕнынӕй ерыстӕ "Золотая рыбка"-йӕн

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы хатдзӕгтӕ скодтой ленк кӕнынӕй ерыстӕ "Золотая рыбка"-йӕн
Цхинвалы хатдзӕгтӕ скодтой ленк кӕнынӕй ерыстӕ Золотая рыбка-йӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 апр – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы спортивон комплекс "Олимп"-ы ленк кӕнынӕй ерысты ӕртыккаг этапы хорзӕхты 12 комплектыл тох кодтой 150-йӕ фылдӕр хайадисӕджы Цхинвал ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуӕй.
Ленк кӕныны тренер Евгения Терлеева куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй тыхджындӕр "брассисттӕ" сӕ кары къорды ссисты 12 адӕймаджы.

"Брассӕй 25 метры дистанцимӕ иуыл хуыздӕр хатдзӕг равдыстой Ткач Софья, Битеты Дамир, 50 метрмӕ – Уалыты Тамила, Цхуырбаты Георгий, Уалыты Валерия ӕмӕ Лалыты Арсен. 100 метры дистанцимӕ фӕсонтыл фыццаг бынӕттыл ацыдысты: Уалыты Даяна, Уалыты Александр, Беджызаты Тамила, Никита Лягин, Бикъойты Анастасия ӕмӕ Багаты Инал. Фӕнды мӕ банысан кӕнын, ацы ерысты Багаты Инал кӕй сфидар кодта Хуссар Ирыстоны ног рекорд 100 метры дистанцимӕ брассӕй", - загъта Терлеева.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, ленк кӕнынӕй ерыстӕ "Золотая рыбка - 2022"-йы цыппӕрӕм этап ацӕудзӕн 17 апрелы.
Евгения Терлеева бахахх кодта, ӕввахс бонты ленкгӕнджытӕ хайад кӕй райсдзысты Ӕппӕтуӕрӕсеон ерысты "Mad Wave Classic"-ы Мӕскуыйы. Хайад дзы райсдзысты 30 спортсмены Хуссар Ирыстонӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0