Цхинвалы спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ы равдыст ахастой Транскамы сӕхгӕды тыххӕй

Спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн"
Спектакль Фӕстаг ӕвдисӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 апр - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры ахастой спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ы равдыст, кӕцы хъуамӕ ацыдаид 6 апрелы, фехъусын кодта театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерлан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, спектаклы фӕлхаттон равдысты ахасты аххосаг у, Транскавказаг автомагистраль кӕй сӕхгӕдтой, уый.
"Спектаклы архайынц артисттӕ цӕгатирыстойнаг ӕмӕ дыгурон театртӕй, ӕмӕ Транскамы сӕхгӕды тыххӕй сӕ бон ӕрцӕуын нал у. Уымӕ гӕсгӕ спектакль ахастам ног къуыримӕ", - бамбарын кодта Дзудцаты Тамерлан.
Дыццӕджы раздӕр Хуссар Иры УУМ фехъусын кодтой Транскамы сӕхгӕды тыххӕй митуард ӕмӕ зӕйты ӕрцыды тӕссагдзинады фӕдыл.
Спектакль-трагеди "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ы премьерон равдыст паддзахадон драмон театры сценӕйыл ацыд 20 январы.
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.04.2022
Транскам сӕхгӕдтой зӕйты ӕрцыдӕй тӕссагдзинады тыххӕй
Спектаклы ӕдӕппӕт архайы 60 адӕймаджы - алкӕцы дӕр дзы йӕхи бынаты ӕххӕст кӕны сӕрмагонд хӕс ӕмӕ нысаниуӕг. Гуырахстджын спектаклы театры труппӕйӕ дарддӕр архайынц театралон факультеты студенттӕ ӕмӕ ахуырдзаутӕ.
Спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн"-ы уацмыс ныффыста Остъаты Алан 2019 азы ирон адӕмы геноциды сӕдӕ азы юбилеймӕ. Спектакль бацӕттӕ кӕнын нӕ бантыст юбилейон датӕмӕ, республикӕйы сӕвзӕргӕ эпидемиологон уавӕры аххосӕй.
Трагеди ӕвдисы 1920 азы июны цауты тыххӕй - уӕд Гуырдзыстон ӕрӕвнӕлдта ирон адӕмӕн геноцид аразынмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0