Информацийы комитеты хистӕр радзырдта, цавӕр ДИФ минӕвӕрттӕ кусдзысты ӕвзӕрстыты Цхинвалы

© Sputnik / Natalia AiriyanПресс-конференци
Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты фӕдыл информаци парахат кӕндзысты уӕрӕсейаг дзыллон информацийы фӕрӕзты 20 минӕварӕй фылдӕр, фехъусын кодта пресс-конференцийы Sputnik Информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Мария.
Президентон ӕвзӕрстытӕ республикӕйы ацӕудзысты хуыцаубоны, 10 апрелы.
"Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕм ис стыр цымыдис, бирӕ журналистты фӕнды ӕрцӕуын, фӕлӕ дунейы уавӕр ӕндавы мах боны фӕткыл дӕр афтӕ, ӕмӕ ныртӕккӕ алкӕй бон нӕу ӕрцӕуын", - банысан кодта Хъотайты Мария.
Уый фехъусын кодта, уагдон ныридӕгӕн кӕй радта аккредитацитӕ ДИФ 20 минӕварӕн - уыдон сты ахӕм егъау агентадты минӕвӕрттӕ, куыд ТАСС, РИА Новости. Афтӕ ма ӕвзӕрстыты кусдзысты цӕгатирыстойнаг ДИФ дӕр - ГТРК "Алани" ӕмӕ Осетия-Ирыстон, ӕмӕ уӕрӕсейаг рауагъдтӕ - "Известия", "Краснодарские известия".
Хъотайты Мария ма бамбарын кодта, аккредитацитӕ кӕй хъӕуы райсын республикон дзыллон информацийы фӕрӕзты минӕвӕртты дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0