Кӕсут ӕмӕ тагъддӕр сӕнӕниз уат: сывӕллӕтты рынчындоны Цхинвалы бакодтой библиотекӕ

© Пресс-служба президента РЮОСывӕллӕтты рынчындоны Цхинвалы бакодтой библиотекӕ
Сывӕллӕтты рынчындоны Цхинвалы бакодтой библиотекӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik. Сывӕллӕтты республикон рынчындоны Цхинвалы цыппӕрӕмы бакодтой библиотекӕ сывӕллӕттӕн. Мадзалы хайад райста президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Проекты инициатор, сывӕллӕтты барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Цхуырбаты Татьяна радзырдта, куыд фӕзынд хъуыды сывӕллӕттӕн рынчындоны библиотекӕ саразыны тыххӕй.
"Куы-иу ӕрбацыдтӕн сывӕллӕттӕм ӕмӕ-иу куы федтой, сӕхи кӕм аирхӕфсой, ахӕм бынат дзы кӕй нӕй, уӕд мӕм фӕзынд ам библиотекӕ саразыны фӕдыл", - загъта уый.
Цхуырбаты Татьяна бафтыдта, зӕгъгӕ, библиотекӕйы ис ӕрмӕст чингуытӕ нӕ, фӕлӕ ма сывӕллӕтты райтынг кӕнынӕн пайда хъӕзтытӕ дӕр.
© Пресс-служба президента РЮОСывӕллӕтты рынчындоны Цхинвалы бакодтой библиотекӕ
В детской больнице в Цхинвале открыли библиотеку - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2022
Сывӕллӕтты рынчындоны Цхинвалы бакодтой библиотекӕ
Бибылты Анатолий дӕр проект схуыдта ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг.
"Хъыгагӕн, сывӕллӕттӕ дӕр кӕддӕрты бахауынц рынчындонмӕ ӕмӕ ахсджиаг у, цӕмӕй сын уа фадат сӕхиуыл кусынӕн. Кӕсут ӕмӕ тагъддӕр сӕнӕниз уат", - загъта уый.
Цхуырбаты Татьяна бузныг загъта президентӕн йӕ ӕххуысы тыххӕй проекттӕ реализаци кӕныны хъуыддаджы.
© Пресс-служба президента РЮОСывӕллӕтты рынчындоны Цхинвалы бакодтой библиотекӕ
В детской больнице в Цхинвале открыли библиотеку - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2022
Сывӕллӕтты рынчындоны Цхинвалы бакодтой библиотекӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0