Хуссар Ирыстоны "тæвд" дебаттæм лæмбынæгæй кæсынц æндæр паддзахæдтæ дæр - эксперт

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 10 апрелы ацæудзысты президенты бынатмæ æвзæрстытæ. Цавæр æгъдауыл хъæуы уадзын æвзæрстыты агъоммæйы мадзæлттæ, дунейы вазыгджын геополитикон ситуаци цавæр зындзинæдтæ æвзарын кæны æмæ куыд æндавы паддзахады мидæггагон уавæрыл, уыцы фарстытæ æмæ бирæ æндæртыл радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта эксперт Дзабиты Вячеслав.
Эксперт куыд банысан кодта, афтæмæй президенты бынатмæ кандидатты дебаттæ сты "тæвд" æмæ хъуамæ фыццаджыдæр хъуыды кæнæм æндæр паддзахадтæ дæр сæм сæ хъус кæй дарынц, ууыл. Дзабиты Вячеслав ма бахахх кодта, ирон адæм кæддæриддæр зындгонд уыдысты се ᾿гъдауæй æмæ сбæлвырд кодта, публикон дипломатийæн кæй ис стыр нысаниуæг.
Украинайы алыварс уавæры тыххæй Дзабиты Вячеслав загъта, зæгъгæ, бирæ рæстæджы дæргъы рæзгæ фæлтæрæн сæ хъуыдыйы сагъд цыд ныгуылæйнаг цард кæй у хуыздæр æмæ хъæуы уырдæм тырнын.
Цæмæй адæм кæрæдзи бамбарой, уый тыххæй та хъæуы æвзонг зæрдæты садзын раст хъуыды, бамбарын кодта эксперт.
Бæстондæрæй публикон дипломати æмæ мидæггагон политикæйы æндавдадыл æдагон политикæйыл кæсут радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры.
Ног хабӕртты лентӕ
0