УФ скондмӕ бахизыны фӕдыл референдумы инициативон къорд рацыд регистраци ЦӔК-ы

© Sputnik / Михаил ХасиевЦӔК
ЦӔК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 апр – Sputnik, Козаты Диана. Централон ӕвзарӕн къамис срегистраци кодта Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фӕдыл референдум ауадзыны фарс лӕууӕг ӕмбӕстӕгты инициативон къорд, хъусын кӕны Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) секретарь Аулохты Кристина.
Президент Бибылты Анатолий 30 марты фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон кӕй райсдзӕн юридикон къахдзӕфтӕ Уӕрӕсейы скондмӕ бахизыны фӕдыл.
"ЦӔК рабадт ацы фарсты фӕдыл ацыд ӕртыццӕджы изӕры. Къамис аскъуыддзаг кодта срегистраци кӕнын инициативон къорд", - загъта Аулохты Кристина.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къордӕн ныр фадат ис райдайын ӕмбырд кӕнын къухфыстытӕ референдум ауадзыны фӕдыл. Законмӕ гӕсгӕ, уыдон хъуамӕ иу минӕй къадддӕр ма уой.
Уый размӕ парламенты спикер Тадтаты Алан фехъусын кодта Sputnik, инициативон къорд кӕй сарӕзтӕуыд 1 апрелы, бахызтысты дзы 20 ӕмбӕстаджы: парламенты фыццаг ӕрсидты депутаттӕ, ӕхсӕнады ӕмӕ интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, афтӕ ма экс-президенттӕ – Цыбырты Людвиг, Кокойты Эдуард ӕмӕ Тыбылты Леонид.
Ног хабӕртты лентӕ
0