Сæйрагдæр у прививкæ саразын: ветеринарон дохтыр хъомты сæрдмæ бацæттæ кæныны тыххæй

Ветеринарон дохтыр хъæууон хæдзарады сæйрагдæр фарстайыл
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ралæууыд уалдзæг, уыимæ иумæ райдыдтой хъæууонхæдзарадон куыстытæ. Уыцы фадыджы чи кусы, уыдонæн бæстон уынаффæтæ радта хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг, сгуыхт ветеринарон дохтыр Лолаты Владимир.
Уый куыд загъта, афтæмæй фосы сæрды сезонмæ хъæуы цæттæ кæнын, уыцы хъуыддаджы сæйраджыдæр у хъомтæн прививкæтæ саразын.
"Мæнмæ гæсгæ, иууыл ахсджиагдæр у саразын талæуы (сибирская язва) ныхмæ прививка", - банысан кодта эксперт.
Хъомты низтыл дзургæйæ ветеринар ранымадта, цавæр низтæ ма сыл бахæцынц æмæ бафиппайдта, африкæйаг емынæйæн нырмæ кæй нæй хос, æрмæстдæр дезинфекци æмæ фос æддæмæ ма уадзын.
"Африкæйаг емынæ махмæ фæзынд 2007 азы, рынчын дзы кæны æрмæстæр фос. Адæймагæн тас нæу, фæлæ иумæйагæй тынг зиан кæны хъæууон хæдзарадæн", - бахахх кодта ветеринар.
Бæстонæй æрмæгмæ хъусут радио Sputnik 106.3 fm.
Ног хабӕртты лентӕ
0