Абон ахсджиаг бон у: Мулдарты Гарри схъӕлӕс кодта ӕвзӕрстыты

© Sputnik / Карина Гаглоева Мулдарты Гарри схъӕлӕс кодта ӕвзӕрстыты
 Мулдарты Гарри схъӕлӕс кодта ӕвзӕрстыты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Парламенты депутат, президенты бынатмӕ кандидат Мулдарты Гарри схъӕлӕс кодта Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты. Йе 'мбӕстагон хӕс ӕххӕст кӕнынмӕ уый бацыд Революцийы уынджы уӕвӕг ӕвзарӕн фадыгмӕ йе 'мкъай ӕмӕ зӕнӕгимӕ.
"Тынг ахсджиаг бон у абон - ӕвзарӕм президенты. Мах ӕвзарӕм адӕймаджы, кӕцы фондз азы архайдзӕн Ирыстоны хӕрзӕбонӕн, йӕ размӕцыдӕн, хъахъхъӕндзӕн нӕ бӕстӕйы арӕнтӕ ӕмӕ йӕ адӕмы бартӕ", - загъта уый.
Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны 8.00 сахатыл райдыдта хъӕлӕскӕнынад президентон ӕвзвӕрстыты фӕдыл. Республикӕйы ӕмӕ йӕ ӕддейӕ ӕвзарӕн фадгуытӕ иууылдӕр байгом сты рӕстӕгыл, хъӕлӕсӕппӕрст райдыдта, хъусын кӕны РХИ Централон ӕвзарӕн къамис.
Пресс-центр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2022
Хуссар Иры ЦӔК пресс-центр райдыдта йӕ куыст
Республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн фадат ис схъӕлӕс кӕнын76 фадыгыл: уыдонӕй 72 байгом сты Хуссар Ирыстоны территорийыл, дыууӕ - Цӕгат Ирыстоны, ноджы ма фӕйнӕ та Хуссар Иры минӕварадта Мӕскуы ӕмӕ Сухумы.
Хъӕлӕсӕппӕрсты цыдмӕ сӕ хъус дарынц 60-йӕ фылдӕр ӕхсӕнадӕмон цӕстдарӕджы Уӕрӕсе, Абхаз, Хӕххон Карабах, ДАР, ЛАР, Турк, Австри, Сири, Германи, Итали ӕмӕ Венесуэлӕйӕ.
Хъӕлӕскӕнынад адарддӕр уыдзӕн 20.00 сахаты онг.
Бӕстӕйы уӕлдӕр постмӕ тырнынц фондз кандидаты - Бибылты Анатолий, Мулдарты Гарри, Гаглойты Алан, Тасойты Дмитрий ӕмӕ Плиты Александр.
Президентон ӕвзӕрстытӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2022
Хуссар Ир ӕвзары президенты. Республикӕйы байгом сты ӕвзарӕн фадгуытӕ иууылдӕр
Ног хабӕртты лентӕ
0