Адӕмы хъӕуынц ивындзинӕдтӕ: Плиты Александр схъӕлӕс кодта Хуссар Иры президенты ӕвзӕрстыты

© Sputnik / Мария СанакоеваПлиты Александр схъӕлӕс кодта Хуссар Иры президенты ӕвзӕрстыты
Плиты Александр схъӕлӕс кодта Хуссар Иры президенты ӕвзӕрстыты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидат Плиты Александр хайад райста паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатмӕ хъӕлӕсӕппӕрсты. Уый схъӕлӕс кодта 23-ӕм ӕвзарӕн фадыджы столицӕйы Мӕскуыйаг микрорайоны фыццӕгӕм скъолайы. Плиты Александр бацыд уырдӕм йе ‘мъкай ӕмӕ сабитимӕ.
"Абоны бон мах стӕм историон моментыл. Адӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц кардиналон ивындзинӕдтӕм, реформӕтӕм, цӕмӕй мах райтынг уӕм куыд тыхджын бӕстӕ", - загъта Плиты Александр.
Уый баныфсӕвӕрдта, адӕм кӕй равзардзысты аккаг кандидаты.
Бибылты Анатолий схъӕлӕс кодта Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстыты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.04.2022
Бибылты Анатолий схъӕлӕс кодта Хуссар Ирыстоны президенты ӕвзӕрстыты
Республикӕ Хуссар Ирыстоны 10 апрелы цӕуынц президентон ӕвзӕрстытӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕджы бынатмӕ претенденттӕ сты ныры президент Бибылты Анатолий, парламенты дыууӕ депутаты Мулдарты Гарри ӕмӕ Плиты Александр, парламентон парти "Ныхас"-ы лидер Гаглойты Алан ӕмӕ экс-депутат Тасойты Дмитрий.
Ӕвзарджытӕн схъӕлӕс кӕныны фадат ис 76 ӕвзарӕн фадыджы: уыдонӕй 72 байгом сты республикӕйы территорийыл, ноджы цыппар фӕсарӕнты. Ӕдӕппӕт мыхуыргонд ис 40 мин ӕвзарӕн бюллетены.
Ног хабӕртты лентӕ
0